25 апреля 2024

ÆМГАРЫ ЗÆРДÆ – НЫФСДÆТТÆГ!..

08.04.2023 | 23:54

Цæгат Иристони адæмон финсæг ДАУРАТИ Дамир (галеуæрдигæй) æма Уæрæсей æскъуæлхт хузæгæнæг, нæ республики адæмон хузæгæнæг ДЗБОЙТИ Михаил хъазауатонæй архайунцæ нæ уарзон Иристони хуарзи сæрбæлтау.

Ме стыр хæлар, нæ республикæйы адæмон нывгæнæг Дзбойты Михал, æз æй рагæйдæр буцæн Мишæ хонын, 13 апърелы бæрæг кæндзæн йæ 85 азы юбилей. Æз ууыл куы ахъуыды кæнын, уæд, фæнда мæ – нæ фæнда, уæддæр ныддис кæнын, мæнæ, зæгъын, рæстæг куыд тагъд атахт. Æмæ та уæд мæ цæстытыл ауайынц ивгъуыд æнусы 60-æм азты Дзæуджыхъæуы педагогон училищейы иумæ куы ахуыр кодтам, уыцы бонтæ: æз – ахуырады хайады, уый та – нывгæнджыты. Фæлæ нæ дыууæйы дæр иу кодта сфæлдыстадмæ уарзондзинад. Уыцы азты уым куыста тыхджын литературон къорд, разамынд та йын лæвæрдта нæ ахуыргæнджытæй иу – Зæнджиаты Розæ. Уый нын не ’нæхин зæрдæты хъарм хуымгæнды рæдауæй байтыдта уарзты æмæ æмгардзинады нæмгуытæ. Махæй иуæй дæр уый рох нæу æмæ хатгай Мишæйы хъæппæрисæй нæ сызгъæрин ахуыргæнæджы йæ хæдзары Терчы был бабæрæг кæнæм, фæбадæм, фæныхæстæ  кæнæм, кæддæры æвзонг азтæ æхсызгонæй æрымысæм.

Уый кæд æмæ кæд уыдис, фæлæ мах Мишæимæ хæлæрттæй баззадыстæм, арæх амбæлæм куы Дауыратæм, куы Дзбойтæм, арæхдæр та уымæн йæ æрмадзы. Мæ хæлар дæсны  дзурæг у, цымыдисаг æмныхасгæнæг, афтæ йæм хъус æмæ хъус, уæлдайдæр йе сфæлдыстады сусæгдзинæдты, йæ алыварс царды цы цаутæ цæуы, абон аивадæн цас аргъ ис, йæхæдæг ныры хицауадмæ цы зæрдæ дары, уыдæтты тыххæй. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц, бирæ фенæг бирæ фæзоны, зæгъгæ.

Нæ алы фембæлдæй дæр æз баззайын разыйæ, раздæхын дзы рæсугъд æнкъарæнтимæ, хъуыдытыл мæ бафтауынц йæ дзуринæгтæ, уыдон та йын вæййынц цы федта, цы фехъуыста æмæ йæхи удæй кæй банкъардта, æрмæстдæр ахæмтæ. Ныр ын цалдæр хатты фæдзæхсгæ дæр ма ныккæнын, зæгъын, алцы дæ зæрдæмæ афтæ хæстæг ма ис. Йæ мидбылты бахуды, йæ къух ауигъы, ома, мæ æндæр хуызы нал сараздзынæ.

Æз ын йæ уыцы дзуринæгтæ хатгай мæ боныгмæ дæр бахæссын, зæгъын, искуы мæ истæмæн куы бахъæуой. Мæнæ ныры хуызæн. Дæлдæр дзы сымах дæр иу цалдæр бакæсут, хатдзæгтæ-иу уæхæдæг скæнут…

ДАУЫРАТЫ Дамир