ÆМУСХЪÆ ÆНГОМ ÆРЛÆУГÆЙ ЦАРДГЪОН УОДЗИНАН!..
Æрæги Цæгат Иристон кустадон балций бабæрæг кодта Уæрæсей гъæуайкæнуйнади министри хуæдæййевæг Аннæ Цивилева. Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлой хæццæ ин ци дувæрсуг фембæлд адтæй, уой рæстæг уæлдай бæлвурдæй æрдзубанди кодтонцæ сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæн, æма уоми архайæг ветерантæн, уоми се ’фсæддон ихæс æнхæстгæнгæй си ка фæммард æй, уони бийнонтæн социалон агъаз кæнуни фарстатæбæл.
Аннæ Цивилевайæн ма Уæрæсей фонд «Фæдибæстæ гъæуайгæнгутæ»-йи нæ республики ци хайадæ ес, уоми адтæй фембæлд тугъдон цаути ветеранти сæрмагонд æфсæддон операций архайгути бийнойнæгти, «Беслæни мадтæлти»-йи хæццæ.
Архайдтонцæ ма си Цæгат Иристони хецауади сæрдари хуæдæййевæг Плати Альбинæ æма «Фидибæстæ гъæуайгæнгутæ»-йи фонди Цæгат Иристони хайади сæрдар Хæтæгти Маринæ.
Аннæ Цивилева фембæлди райдайæни куд загъта, уотемæй, Цæгат Иристонмæ иссæугæй, зæрдæ еуæрдигæй цийнæдзийнадæй байдзаг уй, иннердигæй ба – æрхæндæгæй. Æ загъд ба уæхæн адтæй, Беслæни 1-аг скъола бабæрæг кæнгæй, цæбæлти фæссагъæс кодта, уомæ гæсгæ Аннæ Евгенийи кизгæ зæрдхъурмæй дзурдта, еци æверхъаудзийнадæ æносон ристæй ке асдзæгъддзæнæй рæстзæрдæ адæмти зæрдити. Фал цард цард æй, æ идарддæри цуди кой кæнуй, æма гъæуама зæрдæй федар разиннæн, нæ размæцудæн нин ци ихæстæ æнхæсткæнуйнаг æнцæ, уонæбæл æмвæндæй косæн, цæмæй нæ цардарæзт æдасдæр æма фæрнæйдзагдæр уа.
Сæрмагонд æфсæддон операций хæццæ фарстатæбæл дзоргæй, нæ бæсти гъæуайкæнуйнади министри хуæдæййевæг загъта:
– Махмæ берæ ес нæ доги бæгъатæртæ, етæ абони уодуæлдайæй нæ Фидибæсти сæрбæлтау тох кæнунцæ не ’знæгти нихмæ. Кадæртæ си сæ цард иснивонд кодтонцæ, се ’фсæддон ихæстæ æнхæст кæнгæй. Уонæн сæ бийнонтæ райзадæнцæ седзæртæй. Уомæ гæсгæ ба гъæуама нæ еугур хъауритæй дæр архайæн еци бийнонтæмæ нæ усхъæ бадарунбæл, ци гæнæн æма амал ес, уомæй син агъаз кæнунбæл. Уæхæн фæткæ – кæрæдзебæл æновуд ун æма кæрæдзебæл ауодун – нин абони ахсгиагæй-ахсгиагдæр æй, уомæн æма айдагъдæр уотемæйти уодзæнæй нæ еумæйаг бæстæн æ бон размæ æнтæстгинæй цæун.
Фембæлди Аннæ Цивилева зæрдтагонæй фæдздзубанди кодта еугонд «Беслæни мадтæлтæ»-йи минæвæртти хæццæ дæр. Еумæ ’ркастæнцæ, ци берæ фарстатæ сæмæ æрæмбурд æй, уони ци мадзæлттæй ес исæнхæстгæнæн, уомæ.
Æрмæг бацæттæ кодта ХЕКЪИЛАТИ Маринæ