27 декабря 2024

ÆНТÆСТГИН ÆНОВУД КУСТ ФÆУУЙ!..

23.12.2020 | 11:56

Раздæр ма куд игъосун кодтан, уотемæй Ирæфи райони сæргълæууæг Хидирти Батраз æрæги нисангонд æрцудæй нæ республики фæлгæрæнтти æма æрдзон фæрæзнити министради разамонæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæгæй. Уомæ гæсгæ багъудæй райони нæуæг разамонæг исбæрæг кæнун. Уæхæн барæ ба ес райони минæвæртти Æмбурдæн. Æма депутаттæ æмхузонæй исгъæлæс кодтонцæ, цæмæй райони сæргълæууæгæй нисангонд æрцæуа Гъуцъунати Хъазбег – нури уæнгæ е куста райони минæвæртти Æмбурди сæрдари хуæдæййевæгæй.

Еци цауи фæдбæл Чиколамæ сæрмагондæй æрцудæй нæ республики Сæргълæууæг Битарти Вячеслав.

Депутатти хæццæ фембæлгæй, е баханхæ кодта, етæ ци унаффæ рахастонцæ, уой ахсгиагдзийнадæ æма ахедундзийнадæ. Уой хæццæ ба ма зæрдиагæй райарфæ кодта Хидирти Батразæн, дууæ анзей дæргъи районæн æнтæстгинæй разамунд ке лæвардта, æ идарддæри социалон-экономикон æма культурон райрæзтæн ин федар бундор ниввæрун ке бантæстæй, уой туххæй. Æцæгæй уотæ ке æй, уомæн ба бæлвурд æвдесæн æй е дæр, æма район 2019 анзи бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ фиццаг бунат ниййахæста нæ республики иннæ муниципалон искондти бунæттон хеунаффæйади оргæнти ’хсæн.

– Райони сæргълæууæгæй косгæй Батраз æхе бавдиста куд ацъагъуæгин разамонæг æма дæсни архайæг, кæци арæхсуй æмгустгæнгути еумæйаг къуари архайд гъæугæ хузи райаразун æма раст унаффити фæрци æнтæстдзийнæдтæй фескъуæлхун, – загъта æ радзубандий Битарти Вячеслав. – Райони разамонæгæй ци рæстæг бакуста, е си фæббæрæг æй зингæ æнтæстдзийнæдтæй, район иссæй бæстонæй ка ирæзуй, Цæгат Иристони уæхæн рауæн. Республики хуæздæр муниципалон искондбæл дæр хумæтæги нимад не ’рцудæй, æма ин уой туххæй дæс миллион соми дæр лæвæрд ке æрцæудзæнæй, е дæр хумæтæги нæй.

Къари (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): Хидирти Батраз, Битарти Вячеслав, Гъуцъунати Хъазбег æма Лагкути Омар.

Нæ республики Сæргълæууæг райарфæ кодта Гъуцъунати Хъазбегæн дæр, Ирæфи райони сæргълæууæгæй æвзурст ке ’рцудæй, уой фæдбæл, æма æ радзубандий баханхæ кодта, уотемæй æ зæрдæ ке даруй, райони раздæри разамунди фæлтæрддзийнадæй нæуæг разамундæн ке исуодзæнæй федар бундор, идарддæр дæр æнтæстгинæй архайдзæнæй, еугур равгитæй дæр хæдзардзинæй пайдагонд ке цæудзæнæй, уобæл.

Уой хæццæ ба ма Битари-фурт зæрдæ байвардта, райони социалон-экономикон царди фарстатæ æнтæстгинæй аразунæн алкæддæр цæттæ ке æй, ци гæнæн æма амал уа, уомæй агъаз кæнунмæ.

Гъуцъунати Хъазбег райарфæ кодта е ’мгустгæнæг депутаттæн, уоййасæбæл агъазиау æууæнкæй æй ке фæххайгин кодтонцæ æма ’й райони сæргълæууæгæй ке исæвзурстонцæ, уой туххæй, æма зæрдæ байвардта, æновудæй ке архайдзæнæй, район нур ци райрæзти надбæл æй, уобæл никки æнтæстгиндæрæй  цæмæй размæ цæуа.

 

ХЕКЪИЛАТИ Маринæ