21 декабря 2024

ÆНТÆСТГИН УО, АЛЕКСАНДР!

29.04.2023 | 15:36

Уалдзæг æма Фæллойни бæрæгбон, кæци бæрæггонд цæуй 1 майи, уæлдай цийнаг рауадæй газет «Северная Осетия»-й сæйраг хуæдæййевæг Александр ТОРИНÆН – уой хуæдразмæ ин акаггонд æрцудæй Уæрæсей Федераций культури æскъуæлхт косæги кадгин ном.

Еци хуæрзеуæг æй уой æвдесæн, æма Александр Торин нæ райрæзти гъуддагмæ зингæ æвæрæн ке бахаста æма ма нерæнгæ дæр ке хæссуй. Аци профессимæ ’рбацудæй, 1979 анзи Цæгат Иристони паддзахадон университети филологон факультет каст ку фæцæй, уой фæсте. Æ профессионалон над райдæдта республикон газет «Æригон коммунист»-æй. Æ фæллойнадон хигъд æнхæст æй берæ æскъуæлхтдзийнæдтæй айдагъ журналистики нæ, фал советон, фæскомцæдесон æма партион кусти. Æ рæстæги адтæй адæми социалон гъæуайкæнуйнади Центри директор, Мухури æма рауагъдади гъуддæгути фæдбæл Комитети сæрдари фиццаг хуæдæййевæг.

Газет «Северная Осетия»-й коллективмæ Александр æрбацудæй 2010 анзи, цалдæр анзей дæргъи разамунд лæвардта республикон газетæн, абони ба ’й сæйраг редактори хуæдæййевæг. Зæгъун гъæуй уой, æма зингæ æвæрæн бахаста нæ республики мухури ирæзтмæ, æй Цæгат Иристони культури æскъуæлхт косæг, хуарзæнхæгонд æрцудæй республики Кади гæгъæдитæй, æндæр ведомствити хуæрзеугутæй.

Куд не ’мгустгæнæг, уотæ дин, Александр, дæ кадгин хуæрзеуæги фæдбæл газет «Дигори» редакций косгутæ зæрдиагæй арфæ кæнунцæ. Æнæнез уо, фиццагидæр, Устур Хуцау ба дин уæхæн хъаурæ æма амонд раттæд, æма нæуæг, никки агъазиаудæр æнтæстдзийнæдтæ дæ къохи куд бафтуйа, зæрдирай уо æма фарнæ дæ хæццæ æмдзо кæнæд!..

Республикон газет «Дигорæ»-йи редакций коллектив.