ÆРДЗОН ГАЗ – ИДАРДДЗÆФ ГЪÆУТÆМÆ ДÆР
ПОЛИТИКОН парти «Еугонд Уæрæсе»-й Генералон совети секретарь Андрей Турчак куд фегъосун кодта, уотемæй Уæрæсей Хецауади хæццæ æмбурди рæстæг бæсти Президент Владимир Путин исарази æй газ бауадзуни социалон программæ æнхæст кæнуни фæдбæл фæндæнттæбæл (субъектти сæргълæугутæ газ бауадзуни фæдбæл регионалон штабти разамонгутæ цæмæй исуонцæ, дзубанди, фиццагидæр, уобæл цæуй).
– Социалон газификаций темæ нæ партий адæмон программæмæ бахастан. Газификаций программæ æнтæстгинæй æнхæстонд æрцæудзæнæй æви нæ, е аразгæ ‘й хецауади еугур къæпхæнти архайдæй.
Бæсти Президент ке фегъосун кодта, анзи кæронмæ газæй пайда кæнуни фæндæ искæнæг еугур адæммæ газ бауадзуни фæдбæл еци ихæслæвæрд партийæн нимад æй иццаградонбæл, – загъта Андрей Турчак. Хецауеуæггæнæг адæймаги дзубандимæ гæсгæ, «Еугонд Уæрæсе», уæдта бæсти Хецауадæ æма компани «Газпром» зæнхи хайбæл газуадзæн хæтæл бафедар кæнуни æма Уæрæсей уагъд гази ефтонггæрзтæ æлхæнуни фæдбæл æргътæ исæмхузон кодтонцæ.
Нуртæккæ бæсти амунд æргъти рæстæмбес бæрцæ ‘й 94 мин соми. Партий фæндæй æма Хецауади агъазæй 63 регионей цæрæг Устур Фидибæстон тугъди архайгутæн, сахъат æма агъазгъæуагæ адæймæгутæн, берæсувæллонгин бийнонтæ æма еунæгæй цæрæг пенсиесгутæн ес комкоммæ субсидитæ, кенæ гази ефтонггæрзтæ балхæнунæн сертификаттæй испайда кæнуни барæ. Уалдзигон сессий рæстæг байзайæг 22 региони сæхемæ рахæсдзæнæнцæ æмбæлгæ унаффитæ.
Уомæй уæлдай, Æносон æртити æнæсцох кустæн газ цæмæй лæвар дæттонцæ, уой туххæй Андрей Турчак Президентма бахаста уæхæн фæндæ.
– Аци æртити кусти фæткæ нури уæнгæ бæлвурдгонд ке нæй, уой фудæй муниципалитеттæмæ ка бамбурд æй, еци ихæси туххæй цалдæр хатти Æносон æртитæ рахуссун кæнун багъудæй. Аци фарстатæ паддзахадон уагæй ралух кæнун æмбæлуй. Гъуддагбæл компани «Газпром»-и хæццæ бафедудтан, – загъта Андрей Турчак. «Еугонд Уæрæсе»-й фæндæнттæбæл исарази уогæй, Президент Хецауадæн, парти æма æхсæнадон организацитæн бафæдзахста, социалон газификаций программæ æнхæст кæнуни гъуддаги архайун.
– Æвддæс æма цуппаринсæй процентемæй фулдæр уæвæг Цæгат Иристони газификаций къæпхæн нимад æй бæсти бæрзонддæр къæпхæнтæй еуебæл, фал цийфæндийæй дæр дæс мин хæдзаремæй фулдæремæ нурма газ бауадзун æмбæлуй. Дзубанди, фиццагидæр, цæуй зинвадуат хуæнхаг гъæутæбæл.
Республики ке исаразтонцæ, газ кæронбæттæн уагæй бауадзуни фæдбæл еци штаби специалисттæ косунцæ газ хæдзæрттæмæ тагъддæр бауадзуни гъуддагбæл.
Цæгатиристойнаг гъæутæмæ газ бауадзуни фондзанзон программæ исæнхæст кæнунбæл бахарз кæндзæнæнцæ, еумæ райсгæй, 1,3 миллиард соми, – зæгъуй партий регионалон хайади секретарь, Паддзахадон Думи депутат Таймазти Артур.
Фарæ 11 июни Уæрæсей Президент Владимир Путин æ къох ниввардта зæнхи хæйтти уæнгæ газуадзæн хæтæлтæ лæвар бахъæртун кæнуни туххæй «Еугонд Уæрæсе»-й фракций исрасткæнуйнæгти хæццæ закъони. Адæмæн ес социалон газификаций туххæй курдиадæ «Паддзахадон лæггæдти» портали, берæкъабазгин центрти хайæдти, «Газпром межрегионгаз»-и абонентон косæндæнттæ æма газификаций операторти сайтти фæрци барветуни барæ.