АГЪАЗГÆУАГИ БАРÆВДАУН ÆЙ УОДИ ФАРНÆ
Еугонд Нацити Организаций Генералон Ассамблейæ 2012 анзи декабри ци унаффæ рахаста, уомæ гæсгæ алли анз дæр 5 сентябри бæрæггонд цæуй хуæрзагадондзийнади Æхсæндуйнеуон бон. Нисангонд ба ’рцудæй дуйней мæгурдзийнадæбæл фæууæлахез кæнуни æма хуæрзагадондзийнади райрæзти сæрбæлтау уодуæлдаййæй хъиамæтгæнæг, Нобели премий лауреат, дзенети бадæг мадæ Терезæ Калькуттаги номерæнæн.
Уæрæсей ма бæрæггонд цæуй æхсæнадон-аргъауæндони бæрæгбон – битирадæ æма хуæрзагадондзийнади Еугуруæрæсеуон бон. Е дæр баст æй цитгийнаг силгоймаг Иулиани Лазаревскойæй (Муромаги) рохс номи хæццæ. Е дæр фескъуæлхтæй æ уодуæлдай лæггæдтæй мæгуртæн, æвæлгъазæ æма седзæртæн. Хуæрзагадондзийнади Æхсæндуйнеуон бони æмзæлон æрмæгутæ кæсетæ 3-аг фарсбæл.