АГЪАЗГЪÆУАГÆ АДÆМÆН – АЛЛИВÆРСУГ ЗÆРДИАГ ЛÆГГÆДТÆ
Цæгат Иристони социалон гъæуайкæнуйнади къабази нуртæккæ косуй 3,5 мин адæймаги, министради бæрни ес 33 паддзахадон бюджетон организаций, лæггадæ си кæнунцæ аллихузон къуæртти адæймæгутæн. Аци хабар нæ республики фæллойнæ æма социалон ирæзти министр АЙДАРТИ Алинæ фегъосун кодта, социалон косæги Бони хуæдразмæ ци пресс-конференци исаразта, уоми.
Æ радзубандий ма куд баханхæ кодта, уотемæй Уæрæсей Президенти унаффæмæ гæсгæ аци анз 31 майи арæзт æрцудæй «Фидибæстæ гъæуайгæнгути Фонд». Фарæй ардæмæ архайд цæуй алли къуæртти адæймæгутæн социалон паспорттæ искæнунбæл, фонд ба агъаз æй, Украинæй ка здæхуй, еци æфсæддонтæ æма сæ бийнонтæн алливæрсугæй агъаз кæнунæн. Нури уæнгæ республики ес 25 мин тугъдон архайæги, æма фонди косгутæ сæ цæстæ дардзæнæнцæ уони бийнонти царди уавæртæмæ, ци гæнæн æма амал уа, уомæй син агъаз кæндзæнæнцæ. Æ косгутæй алли райони дæр уодзæнæй 1-2 минæвари. Арæзт æрцудæй Фидибæсти тугъдонти бийнонти комитет, куд нисан кæнунцæ, уотæ фæстæдæр ба исуа хайадæ.
Украини æфсæддон операций архайгутæ реабилитацион агъаз есдзæнæнцæ республики фондз кустуатеми: санаторитæ «Осетия» æма «Сосновая роща»-йи, рацæргæ æма инвалидти бонигон Центри, адæймаги цæуни-æзмæлуни дзæбæхгæнæн æма геронтологон центрти.
Социалон бадзурдти фæдбæл дзоргæй, Айдарти Алинæ куд фегъосун кодта, уотемæй аци анз нисан кæнунцæ 1243 бадзурди бафинсун. Анзи райдайæнæй бал сæ тухи бацудæнцæ 644 бадзурди. Сæйрагдæр, етæ агъаз æнцæ фæккæсунгъæуагæ æма берæсувæллонгин бийнонти царди уавæртæ фæххуæздæр кæнунæн. Агъаз цæуй цуппар хузи: хе кустуат байгон кæнунæн – 350 мин сомей уæнгæ, хе хæдзарадæн – 200 мин сомей уæнгæ, æндæр гъуддæгутæн – 80 минемæй минкъий фулдæр. Берæ курдиæдтæ балæвардтонцæ.
Иннæ ахсгиаг фарста: скъоладзаути æнæнездзийнади лагерти куст. Республикон бюджетæй дехгонд æрцудæй 230 миллион соми, уонæй 43 миллион соми бахарз кæндзæнæнцæ хуæруйнæгтæбæл æма æнæнездзийнадæ фæффедардæр кæнунбæл. Куд нисан кæнунцæ, уотемæй дууæ мин сувæллони гъæуама рарветонцæ Сау денгизи æма республики фæлладуадзæн бунæттæмæ. «Мадæ æма сувæллон»-и балцæгтæмæ гæсгæ лагертæмæ рарветдзæнæнцæ сентябри. Еумæйагæй бауолæфдзæнæнцæ æма се ’нæнездзийнадæ фæффедардæр кæндзæнæнцæ 36 мин сувæллони. Инклюзивон лагертæ косдзæнæнцæ интернат «Ласка»-йи. Сæ курдиадæ бахастонцæ «Время перемен»-и организацийæй, цæмæй Дауни нези хæццæ сувæллæнттæн сæрди мæйти арæзт æрцæуонцæ уæхæн лагертæ. Райдæдтонцæ косун, алли къуари дæр ес 12 уæхæн сувæллони сæ хуæртæ æма æнсувæрти хæццæ. Айдарти Алинæ куд загъта, уотемæй сæ зæрдæмæ хъæбæр цæуй.
Идарддæри нисантæбæл дзоргæй, министр бафеппайдта, тугъди архайгутæн берæфадуатгин реабилитацион центр исаразунбæл ке дзубанди кæнунцæ, уой. Комплексон центртæ арæзт æрцæудзæнæнцæ Горæтгæрон æма Мæздæги районти.
Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ХЕКЪИЛАТИ Маринæ.