18 апреля 2024

АГЪАЗГОНД – ХЪИАМÆТГУН АДÆМÆН

22.04.2022 | 15:30

Æрхæстæг кæнуй 9 май – нæ Цитгин Уæлахези кадæгæнæн бон. Æма уой размæ, куд иннæ æнзти, уотæ нур дæр бабæй материалон æгъдауæй хуарзæнхæгонд æрцæудзæнæнцæ Устур Фидибæстон тугъди рæстæг Райгурæн бæсти сæрбæлтау ка фæхъхъиамæт кодта, етæ. Тугъди архайгутæ, инвалидтæн æма, ка фæццæф æй, уой фудæй сабийæй инвалид ка иссæй,
уонæн дæр балæвар кæндзæнæнцæ фæйнæ 15 мин соми, блокадон Ленингради уæди цæргутæн – фæйнæ дæс мин соми, фашистон концлагерти кенæ æндæр ахæстдæнтти
бадгæ кæмæн рауадæй, уонæн, уæдта Устур Фидибæстон тугъди ветерантæ-инвалидти идæдзæ уоститæн æма тугъди ветерантæбæл нимад адæймæгутæн – фæйнæ 5 мин соми. Еумæйагæй уæхæн феддонтæ фист æрцæудзæнæй 5,5 миллион сомей бæрцæ.

Уой туххæй фæллойни æма социалон райрæзти министр Айдарти Алинæ фегъосун кодта республикон оргкомитет «Уæлахез»-и æмбурди, кæци æрæги арæзт æрцудæй Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло си сæрдареуæг кодта, уотемæй.