07 декабря 2024

АХСГИАГ ГЪУДДАГМӔ – БӔРНОН ЦӔСТИНГАС

02.02.2021 | 15:26

Нӕ республики хуӕцгӕ нез СОVID-19-и нихмӕ дзиллон вакцинаций мадзӕлттӕ куд ӕнхӕстгонд цӕунцӕ, уобӕл ӕрӕги дзубанди цудӕй дзиллон хабӕрхӕссӕг фӕрӕзнити минӕвӕрттӕн сӕмагондӕй арӕзт мадзали. Уоми нӕ республики ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министри хуӕдӕййевӕг Томайти Тамарӕ баханхӕ кодта:

– Гъӕрӕй дзорун дӕр ӕй не ‘ндеуӕн, фал нӕ республики эпидемиологон уавӕр еуминкъий фӕххуӕздӕр ӕй, хуӕцгӕ нез коронавирусӕй сӕйгити нимӕдзӕ зингӕ фӕмминкъийдӕр ӕй. Фал ни е домуй никки бӕрнондӕр ун. Гъӕуй идарддӕр дӕр хе гъӕуай кӕнун, дарун медицинон маскитӕ ӕма «Роспотребнадзор»-и амундтитӕ ӕнхӕст кӕнун.

Нӕ республики Сӕргълӕууӕг Битарти Вячеслав эпидемиологон уавӕрмӕ ӕ цӕстӕ лӕмбунӕг даруй, аллибон ни домуй бӕрӕггӕнӕнтӕ. Нӕ медицинон косӕндӕнттӕ медицинон техникӕ ӕма еугур дзӕбӕхгӕнӕн хуастӕй дӕр ӕнцӕ ӕнхӕст, алцидӕр нӕмӕ ес фагӕ, тухстдзийнадӕ нецӕмӕй ӕййафӕн.

Абони уӕнгӕ нӕ республики вакцинаци искодтонцӕ 1302 адӕймаги. Вакцинӕ Гам-КОВИД-Вак арӕзт ӕй дууӕ компонентемӕй. Адӕймаги гъӕуама дохтир-терапевт фӕууина, исбӕрӕг ин кӕна ӕ тоги ӕлхъивдадӕ, ести уӕззау незтӕй сӕйгӕ ‘й ӕви нӕ, ӕма ин уӕд искӕнунцӕ прививкӕ – вакцини фиццаг компонент. Дуккаг компонент искӕнунцӕ, фиццаг вакцинацийӕй 21 бони ку рацӕуй, уӕд. Вакцинацигонд адӕймагмӕ дохтиртӕ еудадзуг, аллибон дӕр сӕ цӕстӕ дарунцӕ. Вакцинаций фӕсте хелӕдӕрундзийнадӕ еугуремӕн ӕмхузон нӕ фӕууй, фал вакцинаций фӕсте фиццаг сутки бауӕри тӕвдӕ исхезуй, дуккаг бон е дӕр фесӕфуй. Нерӕнгӕ еу уӕхӕн хабар дӕр нӕ адтӕй, ӕма вакцинаций фӕсте еске балӕгъуз уа, кенӕ, Хуцау бахезӕд, рамӕла.

Ӕдеугурӕй нӕ республикӕ райста 2442 вакцини. Тагъд рӕстӕги ма райсдзинан 1400 дози вакцинитӕ. Нӕ куст цӕуй пъланмӕ гӕсгӕ, вакцинацигонд ци адӕм ӕрцудӕнцӕ, етӕ сӕхе ӕнкъарунцӕ хуарз.

Нӕ республики «Роспотреб-надзор»-и медицинон дзӕбӕхгӕнӕн фӕрӕзнитӕмӕ цӕстдарди хайади сӕргълӕууӕг Найфонти Бэллӕ ба куд фегъосун кодта, уомӕ гӕсгӕ вакцинӕ медицинон уагӕдӕнтти дарун гъӕуй сӕрмагонд уавӕрти. Нӕ бон федарӕй зӕгъун ӕй: еци уавӕртӕ еугурӕйдӕр ӕнхӕстгонд цӕунцӕ, сауӕнгӕ надбӕл ласгӕй дӕр.

Томайти Тамарӕ ма куд фӕббӕрӕг кодта, уотемӕй вакцинаци кӕнӕн ес, 18 анзи кӕбӕл исӕнхӕст ӕй ӕма уомӕй фулдӕр кӕбӕл цӕуй, уӕхӕн адӕмӕн. Вакцинацигӕнӕн пункттӕ байгон ӕнцӕ нӕ республики алли районти дӕр. Уомӕй уӕлдай ма идард гъӕутӕмӕ ӕрветунцӕ тагъд агъази бригадитӕ.