06 октября 2024

АХСГИАГ МАДЗАЛ – УÆЛЛАГ ФИЙЙАГДОНИ

28.10.2023 | 21:40

Уæллаг Фиййагдони 24-26 октябри арæзт æрцудæй дуккаг æхсæнадон фестиваль «Сабурдзийнади фæзуат». Фестивали архайдтонцæ дзиллон хабархæссæг фæрæзнити журналистти делегацитæ Цæгат Кавкази зилди регионтæй, Хонсар Иристонæй, Абхазийæй.

Мадзали разамонгутæ адтæнцæ æфсæддон уацхæссæг, канал РТдок-и автор Руслан Гусаров, Уæрæсей Федераций æскъуæлхт журналист, проекттæ «Медиашкола: Дальневосточный репортер» æма «МедиаАкадемия»-йи разамонæг Алексей Бабков, информацион-технологон операцити специалист Аннæ Райская, политолог, Кавказаг геополитикон клуби нимæрдар-координатор Янæ Амелина. Пленарон сессий  разамонæг – газет «Комсомолькая правда»-йи рафæлгæсæг, Уæрæсей Федераций æскъуæлхт журналист Галинæ Сапожникова.

Фестивали пленарон æмбурди архайдта Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уоми æ рдзубандий аци мадзал нури рæстæгути уавæртæмæ гæсгæ  хъабæр ахсгиагбæл банимайгæй æма æ архайгутæн зæрдиагæй райарфæ кæнгæй, загъта:

– Махæн ес, цæстигагуй хузæн ке гъæуай кæнæн æма табу кæмæн кæнæн, уæхæн уодварни хæзнатæ, æма си гириз кæнун ку бауадзæн, уæд наци нæбал уодзинан. Абони нин нæ нихмæлæугутæ архайунцæ тухæй  еуполярон дуйне нæ разæй искæнун, нæ адæми зæрдæмæ ка нæ цæуй, еци гъуддагбæл нæ бафтаун. Неке гъæуй хъаурæгин паддзахадæ – уони фæндуй, цæмæй нæмæ раздæхонцæ 90-аг æнзтæ, æма нæ бæстæ фехæла. Фал историй цалх дæндаггай зелуй. Æма фæстегæй байзадæй, нæ паддзахадæ исæфти къахбæл ку лæудтæй, еци рæстæг. Абони Уæрæсе æндиудæй размæ цæуй. Æма е нæхецæй уæлдай пайда некæмæн æй, – загъта Сергей Меняйло.

Республики Сæргълæууæг ма фæббæрæг кодта, абони карз тох ке цæуй фейкти хæццæ, мæнгæ хабæртти хæццæ. Еци уавæрти ба адæймаг гъæуама гъуди кæнун æма раст хатдзæгтæ кæнун зона:

– Информацион тугъди ци фæрæзнитæй пайда кæнунцæ, уой рагæй дæр зонæн – нæ нихмæлæуддзийнадæ цæуй, Советон Цæдес ку фехалдæй, уæдæй нурмæ. Тох кæнунцæ, экономики нæ, фал адæми зундирахастбæл фæууæлахез унбæл. Æма æз уотæ нимайун, алкедæр ни гъæуама æхуæдæг гъуди кæнæн, еу кенæ иннæ уавæрæн аргъ кæнун зона. Алли адæймаг дæр информацийæн анализ ку кæна, критикон цæстæй имæ ку кæса, уæд фейктæ фесæфдзæнæнцæ. Фал ма нуртæккæ беретæ кедæр зундæй гъуди кæнунцæ, æууæндунцæ мæнгæ дзубандитæбæл. Информацион «будур» ревæд некæд фæууй – мах æй ку нæ байахæссæн, уæд æй æндæр кадæр байдзаг кæндзæнæй, цæмæй æй фæндуй, уомæй.

Æфсæддон уацхæссæг Руслан Гусаров фæббæрæг кодта, абони, сæрмагонд æфсæддон операций рæстæг, Украинæ æма Цæгат Кавкази регионтæй архайунцæ адæми зундирахастмæ барæ дарун.

– Дзурдтæ «манипуляция» æма «пропаганда»-йи лæгъузæй неци ес. Етæ æнæуод ефтонггæрзтæ ’нцæ, абони Цæгат Кавкази хуæрзæрдæмæ æййивддзийнæдтæ цæуй, алли регион дæр æнтæстгинæй æ размæ æвæрд нисантæ æнхæст кæнуй. Фал нæ «исрæмодзунбæл» архайунцæ. Уотемæй бунæттон фæтки цийфæнди тухархайд дæр агъазиаудæр масштабтæ райсуй, – загъта Руслан Гусаров.

Программи адтæй эскпертти мастер-къластæ медиатехнологитæй, ахурадон-практикон мадзæлттæ, уæдта музыкалон конкурс «Цæхæр»-и кæронбæттæн.

Мадзал арæзт æрцудæй паддзахадон программæ «Цæгат Иристони дзиллон иформацион фæрæзнити, дзиллон коммуникацити, мухур æма киунугути рауагъдади ирæзт»-и фæлгæти.