АХУРДЗАУТИ ӔНӔНЕЗДЗИЙНАДӔ ЦӔМӔЙ МА ФӔККЕУА
Сувӕллонӕн ӕ цӕститӕ еугуремӕй хъӕбӕрдӕр ихалуй скъола – уотӕ зӕгъуй статистикӕ.
Нури скъолатӕн сӕ программӕ ӕй зин, цӕбӕл нӕ рахъӕртуй, уӕхӕн нӕййес. Уомӕ гӕсгӕ скъоладзауи ӕ уроктӕбӕл харз кӕнун багъӕуй хъӕбӕр берӕ рӕстӕг – скъолай дӕр, хӕдзари дӕр, уӕдта ма компьютер, телевизор ӕма телефонтӕ… Уомӕй уӕлдай, сувӕллон цӕстӕй хуарз ку нӕбал фӕууинуй, уӕд уоми фудгин ӕнцӕ ниййергутӕй рахӕсгӕ менеугутӕ, экологи ӕма ӕндӕртӕ.
Адӕймаг идардмӕ хуарз ку нӕбал фӕууинуй, цӕстити уӕхӕн нез медицинон ӕвзагбӕл хуннуй «близорукость». Сӕхебӕл ӕй бафеппайунцӕ райдайӕн кълӕсти ахурдзаутӕн сӕ 8-10 проценти. Фал, цалинмӕ ахур кӕнунцӕ, уӕдмӕ сӕ нимӕдзӕ цӕуй фулдӕргӕнгӕ, ӕма цӕстити аци незихатти хӕццӕ скъола каст фӕууй рауагъдонтӕн сӕ 25-30 проценти.
Цӕстити нез скъоладзаумӕ фӕззиннуй хӕстӕгӕвӕрд дзаумӕуттӕмӕ ‘й берӕ рӕстӕг кӕсун ке фӕгъгъӕуй, уой фудӕй, зӕгъӕн тетрадмӕ, киунугӕмӕ. Сувӕллон куд ирӕзуй, уотӕ ирӕзгӕ ӕма «даргъдӕргӕнгӕ» цӕуй цӕсти гагу дӕр, ӕма сувӕллон идардмӕ хуарз нӕбал фӕууинуй, айдагъдӕр хӕстӕгмӕ. Уомӕ гӕсгӕ, дохтиртӕ куд амонунцӕ, уотемӕй сувӕллонӕн ӕ цӕститӕ цӕмӕй ма фӕллӕгъуздӕр уонцӕ, уой туххӕй ӕй скъоламӕ ӕгӕр раги дӕттун нӕ гъӕуй. Еугуремӕй растдӕр ӕй сувӕллони скъоламӕ раттун, авд анзи ибӕл ку исӕнхӕст уа, уӕд. Еци рӕстӕгмӕ цӕстити системӕ ӕ ирӕзтӕй ӕрлӕууй ӕма ӕнхӕстӕй дӕр арӕзт ӕрцӕуй.
Циуавӕр гъӕуама уа сувӕллонӕн ӕ косӕн бунат?
Фиццагидӕр, гъӕуама уа сувӕллонӕн еугурфадуатгин. Цалинмӕ ӕ уроктӕ кӕна, уӕдмӕ имӕ уӕ цӕстӕ даретӕ. Исахур ӕй кӕнетӕ ӕмраст бадун, ӕ фӕсонтӕ губур куд нӕ кӕна, уотӕ. Стъол ӕма къелайӕн сӕ бӕрзӕндӕ гъӕуама уонцӕ сувӕллонӕн ӕхе бӕрзӕндӕмӕ гӕсгӕ.
Сувӕллон цӕйбӕрцӕ минкъийдӕр уа, уойбӕрцӕ фулдӕр полиграфион домӕнтӕ ес ахургӕнӕн киунугутӕмӕ: етӕ ӕгӕр ирд гъӕуама ма уонцӕ, сау кенӕ хузгин сифтӕбӕл дамугъатӕ уорс уонцӕ, уомӕн ӕруадзӕн нӕййес, дамугъатӕ сӕхуӕдтӕ 4 миллиметрӕй минкъийдӕр гъӕуама ма уонцӕ.
Иннӕ ахсгиаг гъуддаг, сувӕллонӕн ӕ косӕн бунати рохс фагӕ ес ӕви нӕййес, е. Косӕн бунат ци уати ес, уордӕмӕ гъӕуама хъӕрта бони рохс. Уой туххӕй къӕразгӕ гъӕуй ахиддӕр ӕхснун. Аразгӕ рохс ба гъӕуама уа хъӕбӕр ирд. Рохс гъӕуама хауа стъолмӕ галеуӕрдигӕй, галеуӕг ка ‘й, уонӕн ба – рахесӕрдигӕй.
Уӕ минкъий скъоладзауи исахур кӕнетӕ, цӕмӕй киунугӕ ӕ цӕститӕмӕ хӕстӕг ма дара. Киунугӕ ӕма цӕстити ‘хсӕн 30 сантиметрӕй минкъийдӕр гъӕуама ма уа. Рохс гъӕуама еци ӕмхузон хауа киунугӕн ӕ сифтӕбӕл, сувӕллони цӕсгон ба гъӕуама аууони уа. Балӕдӕрун ин кӕнетӕ, хусгӕй киунуги кӕсӕн ке нӕййес, уотемӕй цӕститӕ хъӕбӕрдӕр ке фӕллайунцӕ ӕма ке ихӕлунцӕ, уой.
Ахури анзи кӕронмӕ скъоладзауӕн ӕ цӕститӕ бустӕгидӕр бафӕллайунцӕ, уой туххӕй сӕрдӕ скъоладзау гъӕуама ӕрвета ӕрдзӕмӕ хӕстӕгдӕр бунати – гъӕу кенӕ лагери, компьютертӕ ӕма телевизортӕ минкъийдӕр кӕми ес, кӕдзос уӕлдӕф ба – фулдӕр, уӕхӕн рауӕн.
Фӕразетӕ сувӕллонӕн «нӕ» зӕгъун
Сувӕллон телевизори рази цӕйбӕрцӕ рӕстӕг фӕббадуй, компьютерӕй куд архайуй ӕма си куд пайда кӕнуй, е ӕй сӕрмагонд дзубандий аккаг.
Ӕрдзӕй ӕй уотӕ рахӕсгӕ, ӕма сӕ райгурунӕй минкъий сувӕллӕнттӕ сӕ еугур дӕр ӕнцӕ идардмӕ хуарз уинагӕ, хӕстӕгмӕ ба – нӕ, уӕдта, куд ирӕзгӕ цӕунцӕ, уотӕ цӕститӕ дӕр исунцӕ, куд син ӕнгъезуй, уотӕ, гъома, идардмӕ дӕр, хӕстӕгмӕ дӕр сувӕллон еухузон хуарз уинун райдайуй. Уомӕ гӕсгӕ, ӕртӕ анзи кӕбӕл нӕма исӕнхӕст ӕй, уӕхӕн сувӕллони телевизори рази бадун кӕнун не ‘нгъезуй, уой бӕсти ӕй ӕндӕр естӕмӕй райерхӕфсетӕ. Авд анзи кӕбӕл нӕма исӕнхӕст ӕй, уӕхӕн сувӕллӕнттӕн телевизормӕ ес кӕсӕн бонӕ 30-40 минутти, уонӕй хестӕртӕн ба бонӕ 1,5-2 сахатти. Сувӕллон телевизормӕ кӕми кӕсуй, еци уати гъӕуама уа рохс, телевизори экран ӕма сувӕллони ‘хсӕн ба гъӕуама уа тӕккӕ микъийдӕр 2-3 метри.
Компьютертӕ абони ес алли хӕдзари дӕр, ӕма имӕ сувӕллони ӕгириддӕр нӕ уадзунӕн гӕнӕн нӕййес, фал байархайӕн ес, цӕмӕй си пайда кӕна хуӕрзцубур рӕстӕг. 7-9-анздзуд сувӕллӕнттӕн компьютери рази бадун ӕнгъезуй 15-30 минутти бонмӕ. Дӕс анземӕй фулдӕр кӕбӕл цӕуй, уонӕн ба – бонмӕ еу сахат, е дӕр уотӕ: компьютери рази рабадӕд 20-25 минутти, уӕдта ӕ цӕститӕ бауолӕфун кӕнӕд, никки хуӕздӕр ба уайдӕ цӕститӕн гимнастикӕ искӕнун.
Нӕййес уомӕн гӕнӕн, ӕма, ӕхсӕнадон транспорти цӕугӕй сувӕллон гъаза телефонӕй, планшет кенӕ ӕндӕр уӕхӕн нуриккон «гъазӕнтӕй».
Скъоладзауӕн ӕ цардиуагӕ
Федар кӕнетӕ сувӕллонӕн ӕ иммунитет. Е федар ку уа, уӕд аллихузон незтӕй сабийӕн тӕссаг нӕ уодзӕнӕй. Алли бон дӕр сувӕллон гъӕуама уолӕфа кӕдзос уӕлдӕфӕй, уомӕ гӕсгӕ ин пайда ӕй спортивон секцити архайуй, сӕрдигон, зӕгъӕн, футболӕй, баскетбол кенӕ волейболӕй гъазун, велосипедбӕл цӕун, зумӕгон ба лыжитӕ ӕма къахдзонӕгътӕбӕл бурун.
Ӕ хуӕруйнаг скъоладзауӕн гъӕуама уа, пайда ка ‘й, уӕхӕн, уӕдта аллихузон, гъӕздуг уа гъӕугӕ микроэлементтӕй ӕма пайдайаг бауӕргъӕдтӕй: уорсагӕй (кӕсалгӕ, ӕйкитӕ, ӕнӕсойнӕ фид); кальцийӕй (ӕхсири продукттӕ, ӕнгозтӕ, хъӕдорӕ); витаминтӕ А,С ӕма Е берӕ кӕми ес, уӕхӕн продукттӕй (ӕпхӕ, насӕ, курага, цитрустӕ), цъӕх кӕрдгутӕй.
Кӕстӕр кари скъоладзау гъӕуама фунӕй кӕна ӕ фагӕ. Уомӕн ӕй гъӕуй фулдӕр рӕстӕг, ӕ кари адӕймаги хӕццӕ рабаргӕй. Сутки медӕгӕ сувӕллон гъӕуама фунӕй кӕна 10-12 сахатти. Уотемӕй ӕ цӕстити фӕллад дӕр цӕудзӕнӕй. Сувӕллонӕн ӕ бони фӕткӕ уотӕ исаразетӕ, цӕмӕй ахур ӕма фӕлладуагъд кӕрӕдзей ӕййевонцӕ, цӕмӕй фулдӕр змӕла. Е пайда уодзӕнӕй айдагъ цӕститӕн нӕ, фал еугур организмӕн дӕр.
Уӕ сувӕллонмӕ лӕмбунӕг уотӕ ӕма, цӕстӕй бустӕги хуарз нӕбал уинуй, зӕгъгӕ, уобӕл минкъийдӕр фӕггурусхӕ айтӕ, уӕд ӕвӕстеуатӕй дохтир-офтальмологмӕ агъазагор фӕттагъд кӕнетӕ.
Уе скъоладзауи цӕститӕ гъӕуай кӕнетӕ ӕма ӕнӕнез уотӕ!
Медицинон профилактики
республикон Центр
НӔКӔСИ
► Хор ку искӕса, уӕд пайда кӕнӕ цӕстингасӕй, хор ку ранигулуй, уӕдта пайда кӕнӕ гъосӕй игъосунӕй.
► Зунд ӕма зӕрдӕ берӕ алциуинагӕдӕр ӕнцӕ. Фал уӕддӕр еци нӕсӕтгӕй ӕууӕндӕн цӕститӕбӕл.
► Царди хабӕрттӕмӕ лӕмбунӕг цӕстдарди фӕрци фӕттухгиндӕр уй айдагъ нӕ цӕстингас нӕ, фал уой хӕццӕ ба ма зунд дӕр.
► Цӕстити дохтир фӕрсуй сӕйги:
– Циуавӕр дамугъа ӕвдесун?
– Ӕма ду ба кӕми дӕ?
► Фӕдесонмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун, ӕма надмӕ ракӕсай, еске си уинис?
– Неке.
– Гъе уӕхӕн ӕнгас мӕ ку уайдӕ – маке уинӕ, уой дӕр уӕхӕн идардмӕ!..