АЛЦИДÆР ГЪÆУАМА АРÆЗТ ЦÆУА АДÆМИ УОДÆНЦОЙНÆН!..
Нæ республики Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз æрæги æвзаргути хæццæ фембалдæй, адæмæн сæ фарстатæ æма курдиæттæ бадæттуни туххæй парти «Еумæйаг Уæрæсе»-й Сæрдар Д. Медведевæн Цæгат Иристони ци регионалон æхсæнадон уат ес, уоми.
Сæ курдиæттæ æма гъæстити хæццæ еци бон ардæмæ ка æрбацудæй, уонæй кæмæндæр сæ фарстатæ адтæнцæ комкоммæ сæ царди уавæрти фæдбæл, кæмæндæрти ба баст адтæнцæ е ’хсæнадон гъуддæгути хæццæ. Зæгъæн, æрбацæуæг адæм арази нæ адтæнцæ берæфатерон хæдзæрттæн разамунддæттæг компанити кустæй, хæдзæртти алливарс фæзуæттæ цалцæггæнæн кустити хуæрзгъæдæдзийнадæй, гъаст кодтонцæ цæргутæй еуæй-еуетæ цæрæн хæдзæрттæбæл нæуæг бæстихæйттæ æнæзакъонæй ке æфтаунцæ, уомæй, æма уотæ идарддæр.
Нæ сахари Дзæуæгигъæуккаг гъæунги асфальт æвæргæй, куститæ æнхæстгæнæг организаци æ ихæстæ, куд æнгъезуй, уотæ нæ исæнхæст кодта. Æма уой фудæй уарунти рæстæг хæдзæрттæмæ бацæуæнти дон æмбурд кæнуй, æ сæрти бахезæн нæ фæууй. Уомæй уæлдай, хæдзæрттæй еуей алфамбулай фæзуатмæ зелгæй, сувæллæнттæн арæзт не ’рцудæй гъазæн фæзæ.
Тускъати Тайморази загъдмæ гæсгæ, еугур еци фарстатæ подрядон организацийæн æ размæ æвæргæ адтæнцæ, куститæ цалинмæ нæма райдæдтонцæ, уæдмæ. Фал хæдзари цæргутæ куд зæгъунцæ, уотемæй сæ уæд фæрсгæ дæр неке нецæмæй бакодта. Парламенти Сæрдар зæрдæ байвардта уавæр равзарунæй.
Уой фæдбæл уотæ загъта:
– Берæфатерон хæдзарæн æ алливарс фæзуат банивæбæл кæнуни кустити фæсте цæргутæмæ еунæг уайдзæф дæр гъæуама ма байзайа. Нур ба уотæ уайуй, æма цæргути дзубанди, сæ фæндитæ нимади дæр некæмæ ’нцæ. Уавæрæн еци хузи уадзæн нæййес. Цæстæдарæг оргæнтæн бабарæ кæндзæнæн, цæмæй исбæрæг кæнонцæ, цалцæггæнæн куститæ æнхæст кæнгæй, закъонмæ гæсгæ фæткитæ æма домæнтæ ихæлд æрцудæнцæ æви нæ, уæдта хæдзарæ техникон æгъдауæй ци уавæри адтæй, уони еугурæйдæр.
Æ карæмæ гæсгæ ин пенси нæуæгæй нимад цæмæй æрцæуа, уæхæн курдиади хæццæ æрбацудæй Дзæуæгигъæуи цæрæг силгоймаг. Æ дзубандимæ гæсгæ, нæ сахари Терки ’рдигæй райони Пенсион фонд ин æ фæллойнадон æнзти бæрцæ раст нæ банимадта. Гъуддаг исбæрæг кæнуни туххæй Тускъати Таймораз уайсахат телефонæй бадзурдта нæ республики Пенсион фонди разамундмæ. Уоми ин зæрдæ байвардтонцæ, силгоймаги гъастмæ цубур рæстæгмæ каст ке ’рцæудзæнæй, уомæй.
«Россети» æрбунат кодта, Гвардейская æма Минини гъæунгтæй сæ еу инней сæрти цæхгæрмæ кæми цæуй, еци рауæн, æма æ косгутæ корæг æнцæ, цæмæй цæхгæрмæ бахезæни æвæрд æрцæуа светофор. Куд зæгъунцæ, уотемæй, Гвардейскийи гъæунгбæл цæуй æгæр берæ хуæдтолгитæ, æма кустуати хуæдтолгитæн надмæ рацæун ахид зин фæууй, уой фудæй надбæл исæвзуруй тæссаг уавæр.
Адæмæй беретæн сæ курдиæтти хæццæ æхсæнадон уатмæ æрбацæун кæмæн нæ бантæстæй, уони хæццæ ба Тускъати Таймораз радзубанди кодта телефонæй.
Цæргути хæццæ уæхæн фембæлдтитæ раздæри хузæн æнцæ хъæбæр ахсгиаг. Е уобæл дзорæг æй, æма алли адæймаги хæццæ дæр фембæлунмæ, алли фарста равзарунмæ дæр æма алкæмæн дæр фæййагъаз кæнунмæ хецауадæ цæттæ ке æй, уобæл.