08 сентября 2024

АМОНДГУН БИЙНОНТÆ – ТУХГИН ФИДИБÆСТÆ

18.05.2024 | 22:47

Сæге æма Уæге еудадзуг сæ рæстæг еумæ æрвистонцæ сæ зæрдидзæбæхæн. Уæд бабæй дин Сæге еухатт телефонæй дзоруй Уæгей фатермæ. Хæтæл исиста уомæн æ уосæ.

– Уæге кæми ’й? – фæрсуй Сæге.

– Мæ мæрдти хатирæй, еу хуцаубони æй хæдзари уæддæр бауадзæ, – бауайдзæф ин кодта уосæ.

– Мæлæти фæрæтигъæдæй барст, миййаг, нæ айтæ. Цæмæн дæ багъудæй уотæ æхсицгæ? – рамæстгун æй Сæге.

– Мæн мор дæр нецæмæн, фал сувæллæнттæ æнæ фидæй бустæги исфудаг æнцæ, æма сæ кæд абони сирддонæмæ фæххонидæ.

Аци таурæхъ уомæ гæсгæ æримистан, æма бийнонти тухгиндзийнадæ сæ еудзийнадæй, сæ кæрæдзебæл æновуддзийнадæй æй. Еци фæткæ уæлдай бæрзонд цæстиварди æй дуйней еугур адæмихæттитæмæ дæр. Æма Еугонд Национ Организаций Генералон Ассамблейæ дæр хумæтæги не ’снисан кодта бийнонти Æхсæнадæмон бон – алли анз дæр бæрæггонд цæуй 15 майи.

Уæрæсей дæр нæмæ ес нæхе уæхæн бæрæгбон – 2008 анзи нисангонд æрцудæй бийнонти, уарзондзийнади æма æновуддзийнади Бон, бæрæггонд фæццæуй 8 июли. Нæкæси, бæрæггонд ма цæуй дуйней дууинсæй бæстеми.

Мæнæ нæ дзубанди ци бæрæгбони туххæй райдæдтан, уой фæдбæл ба хецæн æрмæгутæ мухур кæнæн нæ газети абони номери 3-аг æма 7-аг фæрстæбæл.