АРФИТӔ ӔМА ХУӔРЗЕУГУТӔ – СИЛГОЙМӔГТӔН!..
Силгоймӕгти дуйнеуон бони размӕ республики Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло Цӕгат Иристони силгоймӕгти хуӕздӕртӕн равардта хуӕрзеугутӕ.
Региони разамонӕг куд бафеппайдта, уотемӕй Цӕгат Иристон сӕрустур ӕй, ӕ искурдиадӕй, фӕллойнӕй, ӕхсӕнадон царди сӕрӕн архайдӕй ӕхе ка базонун кодта, еци ездон силгоймӕгтӕй.
«Хъазар силгоймӕгтӕ! Сумах нӕ царди айтӕ сӕйрагдӕр адӕм, уӕ бӕрӕгбон ралӕудтӕй, ӕма уин ӕхцӕуӕнӕй арфӕ кӕнун. Нӕ нанатӕ, нӕ мадтӕлтӕ, бийнойнӕгтӕ, кизгуттӕ, ӕмкосгутӕ! Аци рохс бӕрӕгбони фӕдбӕл уин арфӕ кӕнун. Нӕ еугуремӕн дӕр ралӕудтӕй вазуггин рӕстӕг, алли ниййерӕг дӕр мӕтӕ кӕнуй ӕ хъӕболӕбӕл, ӕ сӕрихецаубӕл, е ‘фсӕддон ихӕс ка ‘нхӕст кӕнуй, уонӕбӕл. Ӕнӕнез ӕма бухсон уотӕ, уӕ хеуӕнтти туххӕй минкъийдӕр куд мӕтӕ кӕнайтӕ, уой уин мӕ зӕрдӕ зӕгъуй», – загъта республики Сӕргълӕууӕг.
Фӕндаггон къабази ирӕзтмӕ устур ӕвӕрӕни туххӕй Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий фӕндаггон хӕдзаради ӕскъуӕлхт косӕги ном лӕвӕрд ӕрцудӕй Акъоти Иветӕн. Металлургон промышленности ӕскъуӕлхтдзийнӕдти туххӕй Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий ӕнтӕстгин металлурги ном равардтонцӕ Зинаидӕ Беловайӕн. Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий ӕскъуӕлхт ахургӕнӕги номӕй исхуарзӕнхин кодтонцӕ Дзебойти Эльзи. Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий бастдзийнади ӕскъуӕлхт косӕги ном райста Зӕнгиати Фатимӕ. Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий социалон къабази ӕскъуӕлхт косӕги ном равардтонцӕ Кисити Зӕлинӕн.
Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий физикон культурӕ ӕма спорти ӕскъуӕлхт косӕги ном райста Мӕхъити Иринӕ. Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий ӕскъуӕлхт журналист иссӕй Саутӕти Тамилӕ. Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий гъӕууон хӕдзаради ӕскъуӕлхт косӕги ном райста Улубиати Маргаритӕ. Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий ӕскъуӕлхт аразӕги номи аккагбӕл банимадтонцӕ Иринӕ Хиневичи. Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзаради ӕскъуӕлхт косӕги ном райста Цӕллагти Земфирӕ.