16 апреля 2024

Астинсӕй анзей размӕ райдӕдта Устур Фидибӕстон тугъд

02.02.2021 | 15:02

Райгурӕн бӕстӕ немуцаг-фашистон гадзирахаттӕй ӕрбалӕборгутӕй багъӕуай кӕнуни тохмӕ Хумӕллӕги цӕргутӕй рандӕй 900 адӕймагемӕй фулдӕр, уой дӕр айдагъ нӕлгоймӕгтӕ, фал ма ӕригон кизгуттӕ дӕр… Хумӕллӕггаг тугъдонтӕй 567, сӕ фулдӕр хуӕрзӕригон уогӕй, сӕ фидиуӕзӕгбӕл нӕбал исӕмбалдӕнцӕ, сӕ цард иснивонд кодтонцӕ Фидибӕсти сӕрбӕлтау. Уони рохс нӕмттӕ ӕностӕмӕ исцитгин кӕнуни туххӕй гъӕуи дзиллӕ син ниввардтонцӕ, мӕнӕ къари ке уинетӕ, еци номерӕн циртдзӕвӕн…