БÆГЪАТÆРИ ФÆДБÆЛ ÆХСАРГИНТÆ ЦÆУНЦÆ!..
Нæ газети айразмæ номертæй цалдæреми мухур кодтан Фиццаг дуйнеуон тугъд æма, уоми иристойнаг тугъдонтæ куд æхсаргинæй фескъуæлхтæнцæ, уой туххæй æрмæгутæ. Мухур ба сæ никкодтан уомæ гæсгæ, æма еци тугъди райдæдбæл 1 августи исæнхæст æй дæс æма фондзинсæй анзи; иннемæй ба, еци æверхъаудзийнадæ ке фудвæндитæ разгилдтонцæ, уæхæн миутæ бабæй аразунцæ кæцидæр паддзахæдти æнахъæл разамонгутæ.
Дуйне тæссаг уавæри æй, æма ’й фидбилизæй фæййервæзунбæл, ци гæнæн æма амал ес, уомæй архайуй Уæрæсе. Абони уæлдай тасдзийнадæ цæуй, Украини нацистон уагæвæрд иснæуæг кæнунмæ ке гъавунцæ, уомæй. Æма еци азар искунæг кæнуни нисанеуæгæй Уæрæсей багъудæй сæрмагонд æфсæддон операци райдайун. Уоми уодуæлдайæй архайунцæ Иристони минæвæрттæ дæр. Се ’фсæддон ихæстæ æнхæст кæнунцæ æхсаргинæй. Уомæн син разæнгардгæнæг æнцæ нæ адæми бæгъатæр тугъдонтæ, кæцитæ алæмæти хъазауатæй фескъуæлхтæнцæ нæ Фидибæсти сæрбæлтау тохи. Уонæй еу – Мудойти Дударухъи фурт Даукуй. Абони ба ин æ кой уомæ гæсгæ кæнæн, æма, еуемæй, æй Иристони тугъдонтæй, Фиццаг дуйнеуон тугъд дæр нимайгæй, æртæ тугъдеми ка архайдта, еци ефстæгтæй еу, – иннемæй ба аци анз сæрди æ райгурдбæл æнхæст кæнуй дæс æма авдинсæй анзи.