26 декабря 2024

БÆРÆГБОН Æ ЗÆРДРОХСДЗИЙНАДÆЙ ИСФЕДУДТА…

13.10.2020 | 08:39

Куд иннæ æнзти, уотæ æрæги бабæй бæрæггонд æрцудæй  Дзæуæгигъæуи бон. Нури санитарон-эпидемиологон уавæри тасдзийнадæмæ гæсгæ си мадзæлттæ раздæри хузæн парахатгондæй арæзт не ’рцудæй. Фал уæддæр бæрæгбон, ка си архайдта, еци дзиллæн рауадæй зæрдæхцæуæн.

Коронавируси пандеми нерæнгæ ма еуцæйбæрцæдæр æ карзи ке æй, уой нимайгæй, уæдта, «Роспотребнадзор» æма Цæгат Иристони æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министради домæнтæ æма фæдзæхститæ зæрдæбæл даргæй, бæрæгбон исаразгути унаффæмæ гæсгæ нæ республики сæйраг сахари  бæрæгбони кадæн мадзæлттæ арæзт æрцудæнцæ еунæг рауæни – Терки билгæрон Хъесай-фурти гъæунги ’рдигæй фæлладуадзæн бунати.

Бæрæгбони мадзæлттæ бабæрæг кодтонцæ нæ республики разамунд дæр. Цæгат Иристони Сæргълæууæг
Битарти Вячеслав зæрдиагæй райарфæ кодта дзæуæгигъæуккæгтæн сæ бæрæгбони фæдбæл.

Хестæрæй дæр æма кæстæрæй дæр си ци дзиллæ æрæмбурд æй, етæ цæмæдесæй аргъгæнæг иссæнцæ нæ национ къеретæ æма плови фестивалти, уæдта спортивон еристи архайгути арæхстдзийнадæ æма дæснидзийнадæн. Арæзт си æрцудæй республики армдæснити æрмадзитæ æма адæмон промыслити кустуæтти продукций равдист. Концертон программи ба архайдтонцæ кафгутæ æма зартæгæнгути къуæрттæ, уæдта хецæн  артисттæ.

Сæрмагонд бунат радех кодтонцæ гъæууонхæдзарадон продукций кустгæнгутæн дæр – етæ бæрæгбонмæ æрбаластонцæ æхсирæй конд хуæлцæ, муд, халсартæ, рæзæ…