25 апреля 2024

БÆРÆГБОН ЦИЙНÆ ÆМА ЛÆВÆРТТÆЙ ФЕДАУЙ!..

29.12.2022 | 14:23

Æрхæстæг кæнуй анзæн æ кæронбæттæнгæнæг æма нæ дзиллæн уæлдай зæрдрохсдзийнадæ хæссæг бæрæгбон – Нæуæганзон бæрæгбон.  Алкедæр ни уомæ æхе уæлдай æновудæй фæццæттæ кæнуй, уой размæ, æвæдзи, ауæрдгæ цæбæл фæккæнуй, уони дæр нæ бавгъау кæнуй еци бон æхе дæр, æ бийнонти дæр, æ хеуæнтти дæр, æ зонгити дæр барæвдаунæн. Уогæ нури берæ цæмæйдæрти гъæуагæ уавæрти ка ’й, кæмæндæрти, куд сæ фæндуй, уотæ исæнхæст кæнун нæ бантæсдзæнæй. Æма Нæуæг анзи бæрæгбонмæ цæттæ кæнгæй, ци исаразуйнаг æнцæ, зæгъгæ, дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг æртасгутæ уæрæсейæгтæй ке бафарстонцæ, уони дзуæппитæ адтæнцæ мæнæ ауæхæн (проценттæй нимайгæй).

– Исараздзинан кæнгæ заз бæласæ – 52%

– Балхæндзинан æцæг заз бæласæ æмæ ’й исрæсугъд кæндзинан зæронд гъазæнтæй – 20%

– Заз бæласæ исаразунмæ гъавгæ дæр нæ кæнæн – 15%

– Лæвæрттæ ракæндзинан айдагъдæр тæккæ хеуондæртæн – 32%

– Лæвæрттæй барæвдаудзинан айдагъдæр сабийти – 13%

– Лæвæрттæ  айдагъдæр нæхецæн – 12%

– Нæ байагордзинан Метин Дадай æма Метинкизги – 67%

– Дарæсæй фæлустгонд бæрæгбон сувæллæнттæн исараздзинан нæхуæдтæ – 21%

Цидæр æй, уæддæр уæ нæуæгбонон бæрæгбон уæбæл райевгъуйæд цийнæйдзагæй æма нæуæг анзи ба уæ цардиуагæ фæрнæйдзагдæр уæд!