БÆРÆГБОНÆН Æ НОМ Æ УÆЛЕ ÆЙ!..
Коййæй æй, æвæдзи, зондзинайтæ: фæстаг рæстæг ахид райгъусуй фæндон, цæмæй нæ бæсти нури æхсæнадон-политикон уавæртæ нимайгæй, Нæуæг анзи бæрæгбон уоййасæбæл парахаттæй æма гуппитæй бæрæггонд гъæуама ма ’рцæуа. Æма Уæрæсей кæцидæр регионти разамунд, æцæгæйдæр, баунаффæ кодтонцæ, цæмæй сæмæ бæрæгбон раздæри æнзти хузæн бæрæггонд ма ’рцæуа, кæмидæрти ба – уæддæр нидæнгомауæй бæрæггонд куд æрцæуа. Фал сæмæ, цума, адæми ’рдигæй игъосæг разиндзæнæй? Уой фæдбæл дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæн Еугуруæрæсеуон центри æртасгутæ нæ бæсти аллихузон рауæнти цæрæг уæрæсейæгти бафарстонцæ: «Нæуæганзон бæрæгбони мадзæлттæ регионтæй кæмидæрти арæзт æгириддæр нæ цæудзæнæнцæ, кæмидæрти ба нидæнгомауæй, еци хабар кæд зонетæ, уæд уобæл цæйбæрцæбæл арази айтæ?»
Адæмæн сæ дзуæппитæ еумæйагæй рауадæнцæ мæнæ ауæхæн (проценттæй нимайгæй):
– зонунцæ – 39%
– фегъустонцæ, æцæг æнæ бæлвурддзийнæдтæй – 20%
– фиццаг хатт игъосунцæ – 41%
– арази ’нцæ – 74%
– нæ ’нцæ арази – 17%
– цæттæ ’нцæ сæ коллективти нæуæганзон корпоративтæ нæ аразунмæ – 54%
– нæ ’нцæ цæттæ сæ коллективти уæхæн бæрæгбæнттæ нæ аразунмæ – 30%