06 октября 2024

БÆРНОНÆЙ ЗАГЪД ДЗУРД – ФАРНÆХÆССÆГ!..

22.07.2023 | 12:44

Цæгат Иристони мухури æма дзиллон коммуникацити Комитети сæрдар Фидарати Юрийæн æрæги адтæй фембæлд нæ ресупблики журналистти хæццæ. Æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй Комитети архайди, куд раздæр, уотæ нур дæр сæйрагдæр æй федералон программити бундорбæл дзиллон хабархæссæг фæрæзнити, мухур æма киунугутæуадзæн гъуддæгутæ, уæдта нæ адæми национ-культурон ирæзти фарстатæ æнхæст кæнунæн гъæугæ мадзæлттæ аразун. Уой фæдбæл æрхаста берæ аллихузон дæнцитæ.

Ку зæгъæн, мухури æма дзиллон коммуникаций къабази Комитети аци анзи фиццаг æмбеси архайди хатдзæгтæ берæ цæмæйдæрти рауадæнцæ зæрдæмæдзæугæ, æма е нифс дæттуй, райаразуйнаг ма ци фарстатæ ’нцæ, етæ дæр æнхæстгонд ке ’рцæудзæнæнцæ. Уой фæдбæл Фидари-фурт уотæ загъта:

– Ес ма нæмæ берæ райаразуйнаг фарстатæ æма фæндитæ, фал сæ цæмæй исæнхæст кæнæн, уомæн ба нæ багъæудзæнæй бæлвурд  фæрæзнитæ, æма нæмæ кæд нерæнгæ нæма ’нцæ, уæддæр сæ исамал кæнунбæл архайдзинан æма нин гъæуама бæнтæса. Иннæ гъуддаг ба е æй, æма цæмæй газеттæ æма журналтæ уæйæгонд цæуонцæ, уой туххæй сæрмагонд киосктæ нæ фагæ кæнуй. Дзæуæгигъæуи æма республики  цалдæр районеми исæвардтан уæхæн киосктæ, æма адæмæн равгæ уодзæнæй уоми газеттæ æма журналтæ балхæнун кенæ ба сæ рафинсун, уæйæгонд си цæудзæнæнцæ нæ маддæлон æвзагбæл киунугутæ дæр. Байзадæнцæ ма æртæ райони – Алагири, Ирæфи æма Æрæдони районтæ, æма уоми дæр тагъд рæстæги уæхæн киосктæ исæвæрдзинан.

Дзубанди ма цудæй районти газетти редакцити журналисттæ фагæ ке нæййес, уой туххæй. Уой фæдбæл Фидарати Юри куд фегъосун кодта, уотемæй бадзубанди кодта Паддзахадон университети журналистики факультети декан Хæбæлати Фатими хæццæ æма сæ студенттæ практикæ кæнунмæ цæудзæнæнцæ районти газеттæмæ.

* * *

Фембæлди рæстæг дзубанди ци фарстати фæдбæл цудæй, уонæй беретæ уоййасæбæл ахсгиаг æнцæ, æма нæ зæрди ес уони фæдбæл сæрмагондæй хецæн æрмæгутæ нæ газети хæстæгдæр номерти ниммухур кæнун.