26 апреля 2024

БЕСЛÆН… ИМИСÆН… ХЪОНЦ КÆНÆН…

04.09.2021 | 11:37

Æвддæс анзей размæ, 2004 анзи 1 сентябри, Беслæни æрцудæй уой размæ дуйней ка некæдма адтæй, истори ке нæма зудта, уæхæн æверхъау фудбæлах – зонундзийнæдти райдзаст Бон бæрæг кæнуни рæстæг террористти къуар æрбампурстонцæ аци сахари фиццаг скъоламæ æма амæнати райстонцæ скъоладзаути, сæ ахургæнгути, сæ ниййергути – æртæ бони æма дууæ æхсæвей дæргъи сæ æнæ донæй, æнæ хуæруйнагæй æма æнæ хуастæй фæгъгъезæмарæ кодтонцæ…

Беслæни теракти 2004 анзи 1-3 сентябри фæммард æй 334 адæймаги, уонæй 186 адтæнцæ сувæллæнттæ. Æдасдзийнади федералон служби спецнази дæс æфсæддони, Æнæнгъæлæги уавæрти министради æртæ косæги, 800 адæймагемæй фулдæр фæцæнцæ аллихузи уæззау цæфтæ, беретæ си сæ царди кæронмæ байзадæнцæ сахъатæй.

Уæдæй фæстæмæ уотæ байзайдзæнæй – Иристони 1 сентябрь бæрæгбон некæдбал исуодзæнæй. Сентябри фиццаг æртæ бони ба Иристони алкæддæр уодзæнæнцæ имисæн æма хъонцгæнæн бæнттæ. Уотæ адтæй аци анз дæр. Сентябри фиццаг æртæ боней дæргъи арæзт цудæнцæ сæрмагонд номерæн мадзæлттæ. Уæхæн мадзæлттæ арæзт æрцудæй Уæрæсей дæр æма фæсарæнти дæр берæ рауæнти.