БЕСЛÆН… ЗÆРДХЪУРМÆЙ ИМИСÆН, ЗÆРДРИСТÆЙ ХЪОНЦ КÆНÆН…
Рæстæг куд фулдæр цæуй, уотæ цийфæнди содзгæ рист дæр нидæндæр кæнуй, зæгъгæ, бæргæ фæззæгъунцæ, фал… Нæудæс анзи райевгъудæй, нæ адæми знæгтæ Беслæни æверхъаудзийнадæ ку исаразтонцæ, ахури нæуæг анзи райдайæни хорæхснад бæрæгбон тогæйдзаг ку фестун кодтонцæ, уæдæй… Нæудæс анзи… Сæ бæрцæй, ка ’й зонуй, минкъий нæ ’нцæ… Фал Иристони дзиллæ, Уæрæсей æма фæсарæнти берæ бæстити рæстзæрдæ дзиллитæн уони бæрцæ сæ гъудий дæр нæй – уомæн æма абони дæр нæ зæрдити рист нæ нидæндæр кæнуй, нæ цæстисуг нæ федуйуй…
Куд нæудæс анзей дæргъи, уотæ аци анз дæр сентябри фиццаг æртæ боней дæргъи Иристони арæзт цудæнцæ номерæн æма хъонц кæнуни мадзæлттæ. Уæхæн мадзæлттæ арæзт цудæй Уæрæсей берæ рауæнти дæр…
Нæ адæми карни берæ, хъæбæр берæ æверхъаудзийнæдтæ ’рцудæй. Фал уонæн сæ еугурей дæр æхгæнуй Беслæни ка ’рцудæй, еци фудбæлах… Уомæн æма æ уæззаудзийнадæ нерæнгæ дæр ма нин нæ зæрдитæ фурзинæй æлхъевуй… Æма си некæд исуæгъдæ уодзинан. Æцæг нин нæ хъаурæ, нæ нифс, нæ уодти федардзийнадæ ма басæттæд. Уомæн æма нæ етæ уæлдай хъæбæрдæр гъæунцæ, цæмæй нæбæл уæхæн æверхъаудзийнадæ мабал æрцæуа. Цæмæй нæ кæстæртæ гъæуайгонд уонцæ, етæ цæрунмæ райгурдæнцæ, æма цæмæй сæ исонибон райдзаст уа, цæмæй син сæ рохс бæлдитæ исæцæг кæнун бантæса, уой сæрбæлтау уодуæлдайæй архайунæй мах нæ еугур дæр ихæсгин ан. Æма уой лæдæрунæн æма уобæл архайунæн ба нæмæ нæ Исфæлдесæги фæндæй фагæ зунд æма хъаурæ разиннæд!..
Ольгæ САПОЖНИКОВА
БЕСЛÆН
Æтт уæдæ, демократтæ,
Райгæ стæм тынг уæ хуынтæй:
Гонтæ хæрздзаг – гранаттæй,
Исæм тротил нæ хуымтæй.
Мæнæ уын, гъе, нæ фæззæг –
Ингæнтæй зæхх тæппæлттæ!
Хæдзæрттæ – хæлд, æвæздæг,
Зæххы хай сси сæ зæнæг!
Гъеныр-ма кæн, йе ма кæн
Карз æлгъыст, йе тæрхæттæ, –
Сафтид йæ ахстон маргъæн:
Лæппынтæ – арвыл… зæдтæ.
Хъуысы æмыр хъæр арвæй:
Дзибатæ – рыст, æххормаг…
Ратт сын рæдауæй хойраг,
Бадар сын дон дæ армæй.
* * *
Геннади ИВАНОВ
Фæндтæ, хъуыдытæ нал баззад нæ дуджы,
æрмæст ма – удхар, дудгæбонтæ, рис.
Зæхх сæвдылди цæссыгтæ æмæ туджы –
ирон бæстæ æрдиаггаг фæцис.
Дзынæзтой адæм, бæлæстæ ’мæ кæрдæг,
йæ уацары сæ бакодта бæллæх…
Цыдæр æрцæудзæн, – зоны йæ мæ зæрдæ, –
нынкъуысдзæнис æнахуыр уацæй зæхх.
* * *
Павел МАВРЕНКОВ
Кæд уыдис а дуне сабыр?
Нæ цард – æнусон катай, мæт…
Беслæн, дæ сыгъдæг удтæн ныр
Сæ цæрæн рухс бæстæ – дзæнæт.
Нырма зæххыл цæудзæни тох,
нырма æвзардзыстæм фыдох.
Фæлæ зæгъдзæн Хуыцау Йæ дзырд –
Йæ азар баййафдзæни сырд.