11 ноября 2024

Билари хуарз ка зудта, уони имисуйнӕгтӕ

05.08.2021 | 15:45

Нӕ Иристонӕн, нӕ адӕмӕн агъазиау хуӕрзти ка бацудӕй ӕма берӕ арфиаг гъуддӕгутӕй кӕд ескӕд еске барӕуадзӕй фескъуӕлхтӕй, уӕд уонӕн сӕ тӕккӕ фиццӕгти-фиццӕгтӕй ӕнӕмӕнгӕ ӕй Хъӕбӕлоти Емӕзай фурт Билар. Уой туххӕй рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ газети мухургонд фӕццӕуй хецӕн ӕрмӕгутӕ. Абони ба ин ӕ ном бабӕй имисӕн еу ахсгиаг цаумӕ гӕсгӕ – ӕртинсӕй анзей (1961 анзи 5 августи) размӕ Хъӕбӕлой-фурт ӕвзурст ӕрцудӕй СЦКП-й Цӕгат Иристони обкоми фиццаг секретарӕй ӕма еци бунати фӕккуста 1981 анзи уӕнгӕ. Еци рӕстӕги ин ци бантӕстӕй исаразун нӕ республики райрӕзти сӕрбӕлтау, уой адӕм хуарз зонунцӕ. Мах дӕр уобӕл фӕстӕдӕр ма дзордзинан, абони ба мухур кӕнӕн Билари хуарз ка зудта, уони имисуйнӕгтӕ (4-5-аг фӕрстӕбӕл).