09 майя 2024

БИТАРТИ Вячеслав: «АДӔМИ ЦАРДИ УАВӔРТӔ ХУӔЗДӔР КӔНУН – НӔ ИХӔС!..»

19.01.2021 | 10:55

Цӕгат Иристони идарддӕр дӕр ӕнхӕстгонд цӕудзӕнӕнцӕ, адӕми царди уавӕртӕ хуӕздӕр ӕма ӕгустдзийнади къӕпхӕн ниллӕгдӕр кӕнун сӕ нисан кӕмӕн ӕй, уӕхӕн сӕрмагонд уӕлӕнхасӕн мадзӕлттӕ. Уонӕй еу исуодзӕнӕй социалон бадзурди бундорбӕл адӕмӕн паддзахадон агъаздзийнадӕ дӕттун. Куд нисангонд цӕуй, уотемӕй 2021 анзи уӕхӕн социалон бадзурд бафинсдзӕнӕнцӕ 1045 адӕймагей хӕццӕ.

Уой туххӕй нӕ республики фӕллойнӕ ӕма социалон ирӕзти министр Хубиати Барис фегъосун кодта Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕг Битарти Вячеслави хӕццӕ фембӕлди рӕстӕг.

Профилон министри дзубандимӕ гӕсгӕ, социалон контракти бундорбӕл адӕмӕн агъаз кӕндзӕнӕнцӕ кусти бунат байагоруни, амалгъомадон архайд райдайуни, хе минкъий хӕдзарадӕ даруни ӕма ӕндӕр гъуддӕгути.

– Аци фарстатӕбӕл косгӕй, ӕнгом ӕмархайд кӕнӕн кустдӕтгути хӕццӕ, загъта Хубиати Барис. – Зӕгъӕн, социалон бадзурдти фӕлгӕти ци ӕхцай фӕрӕзнитӕ хайгонд цӕуй, уони фӕрци адӕмӕн агордзӕнӕнцӕ нӕуӕг кусти бунӕттӕ, ахур сӕ кӕндзӕнӕнцӕ ӕндӕр дӕсниӕдтӕбӕл.

Битарти Вячеслав ӕ радзубандий куд баханхӕ кодта, уотемӕй республики разамунди размӕ ци ахсгиаг социалон нисантӕ лӕууй, уонӕй сӕ агъазиаудӕртӕй еу ӕй мӕгурдзийнади нихмӕ тох.

– Еци нисанӕн, зӕгъӕн, федералон бюджет Цӕгат Иристонӕн сӕрмагонд субсидий хузи радех кодта 141,1 миллион соми, республикон бюджетӕй ба ма сӕмӕ бафтаудзинан 10,6 миллион соми, – загъта республики Сӕргълӕууӕг. – Профилон ведомствитӕ еугур хъауритӕй дӕр гъӕуама байархайуонцӕ, цӕмӕй еци фӕрӕзнитӕ хӕдзаргинӕй харзгонд ӕрцӕуонцӕ.

Зундгонд куд ӕй, уотемӕй мӕгурдзийнади хӕццӕ тохи фӕлварӕни фиццаг проект 2019 анзи ӕнхӕст кӕнун райдӕдтонцӕ Рахесфарси райони Раздзоги гъӕуи. 2020 анзи феврали ӕ аллианзон Нистауӕни Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕг профилон ведомствитӕн байхӕс кодта, цӕмӕй программӕ райидарддӕр уа ӕндӕр районтӕбӕл дӕр.

 

Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕги ӕма Хецауади пресс-службӕ.