07 декабря 2024

БЮСТ – ЗУНДГОНД ХУЗÆГÆНÆГ, РЕЖИССЕР ÆМА СКУЛЬПТОРÆН

08.07.2022 | 16:46

Дзæуæгигъæуи Маркови гъæунги æрбунæттон æй Аййевæдти училище. Евгъуд къуæрей ами æрцудæй зæрдæбæлдарæн номерæн цау – æ ном дуйнебæл кæмæн райгъустæй, еци зундгонд хузæгæнæг, Уæрæсей Федераций æма Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæг Дзанайти Азанбегæн æ номхæссæг училищей тургъи байгон æй бюст. Æ исаразæг – училищей рауагъдон Кадити Сослан. Ахурдзауæн е адтæй æ дипломон куст æма ‘й искодта Республикæ Цæгат Иристон-Аланий æскъуæлхт хузæгæнæг Хайти Ибрагими разамундæй.

Бюст кадгин уавæри байгон кодта Республикæ Цæгат Иристон-Аланий культури министр Галазти Эдуард. Хузæгæнæги ирд искурдиадæбæл æма уæрæсейаг хузæкæнуйнадæмæ е ‘стур байвæрæнбæл дзубанди кæнгæй, министр куд загъта, уотемæй бронзæй арæзт Дзанайти Азанбеги бюст Иристони нуриуæнгæ нæ адтæй.

Хъумацæй æмбæрзт бюст адæмæн фæууинун кæнуни барæ лæвæрд æрцудæй муггаги минæвар, Ос-Бæгъатæр Цæразони номбæл национ ирæзти институти директор Дзанайти Хадзимæтæн. Муггаги номæй е арфæ ракодта мемориалон бунат исаразуни барæ ка равардта, аййевæдти училищей еци коллективæн, æ сæргъи Хетæгкати Аслæнбег, уотемæй. Уæлдай арфæ профессор ракодта æригон искурдиадæгин фæлтæри минæвар Кадити Сосланæн, æ дипломон куст æнтæстгин ке рауадæй, уой туххæй æма ин зæрдиагæй райарфæ кодта æма ин загъта, æ исфæлдистадон надбæл цæугæй, нæуæг æнтæститæ æ къохи куд æфтуйа, уой.

Дзанайти Азанбеги туххæй сæ имисуйнæгтæ дзурдтонцæ Уæрæсей Федераций æскъуæлхт хузæгæнæг Дзбойти Михал æма Республикæ Цæгат Иристон-Аланий адæмон поэт Дзасохти Музафер, Хетæгкати Аслан ба арфæ ракодта, мемориал исаразунмæ барæ кадæриддæр дардта, уонæн сæ еугуремæн дæр, уæлдайдæр ба – аййевадон тайунгæнæн студий разамонæг Къæбулти Нодарæн.

Номерæни архайдта Национ зари нæлгоймæгти хор Республикæ Цæгат Иристон-Аланий адæмон артисткæ Дзанайти Ольги разамундæй.

 

ДЗАНАЙТИ Софья