ӔЦӔГ НӔРТОН – ӔЦӔГ КУРУХОН
Фæууй уæхæн адæймæгутæ æма сæ хæццæ уоййасæбæл зонгæ дæр нæ уодзæнæ, уотемæй ба æ фарсмæ айдагъдæр еу усми бæрцæ ку ралæууай, уотид имæ еу гæзæмæ ку байгъосай, уæд дæ æ разæй дæ къах хæсгæ дæр нæбал кæндзæнæй. Цидæр алæмæти æнахур хемæлвасундзийнади устур, балæдæрæн дæр, уæдта цæстæй æстæфæн дæр кæмæн нæ фæууй, уæхæн тухæй дæ æхемæ хæстæг кæндзæнæй, æнæуингæ рохсæй дæ тавдзæнæй.
Еци ефстаг адæймæгутæй еу æй нæ еумæйаг Иристони зингæдæр минæвæрттæй æма ахсгиагдæр бæдæлттæй еу, не ’хсæнадон царди æма науки рæбуйнагдæр цæгиндзити устурдæр æма федардæр зæрдæдарæн Цибирти Алексейи фурт Людвиг. Нæ цитгин хестæрбæл æрæги, 19 ноябри исæнхæст æй дæс æма цуппаринсæй анзи. Æма ин уой фæдбæл хъæбæр æхцæуæнæй арфæ кæнæн. Æнæнез æма нин зæрдрохс уо, нæ хъазар Людвиг!..
Историон наукити доктор, профессор, Уæрæсей Федераций науки æскъуæлхт архайæг, академик… Нуртæккæ Цибирти Людвиги кадгин нæмттæ нимайун ку райдайæн, уæд нин хъæбæр радаргъ уодзæнæй сæ номхигъд.
Еумæйагæй ба ахсгиаг æнцæ уомæй, æма æвдесунцæ, Цибири-фурт нæ адæмæн ци берæ хуæрзтæ æма лæггæдти бацудæй, уой.
Сæрмагондæй ба ма уой дæр зæгъун гъæуй, æма уоййасæбæл агъазиау гъуддæгути архайгæй, уоййасæбæл агъазиау гæнæнтæ æма равгитæ æ къохти уогæй, æ уодиконди менеугутæй кæцидæртæ, ка ’й зонуй, еуцæйбæрцæдæр фендæрхузон æнцæ, уæддæр æгириддæр ин нæ фендæрхузон кодтонцæ æ сæйрагдæр уодигъæдæ – хумæтæг адæймагдзийнадæ, цæстуарзондзийнадæ, рæстдзийнадæ. Некæд æма некæци гъуддаги имæ ес æнæбунати «сау-уорс» кенæ «мæн-дæу», æмхузон уарзон æма зæрдтагон ин æнцæ Иристони дууæ хайей адæм еугурæйдæр. Æ бон ци æй, æ хъауритæ æма е ’сфæлдистадон фæггæнæнтæ куд амонунцæ, уотæ кæддæриддæр лæггадæ кодта æма кæнуй абони уæнгæ дæр нæ национ наукæ, нæ адæми фарнæ бæрзонддæр кæнунбæл.
Уæхæн гъуддæгути ка архайуй, уонæн лæдæрд уодзæнæй: е æнцон нæй. Байгъосæнай Людвигæн æ хуæрзæрдхуард æма архайæг, Хонсар Иристони паддзахадон университети профессор Плити Гацирмæ. Е уой фæдбæл уотæ зæгъуй:
– Мæ бон æй федарæй уотæ зæгъун, æма Цибирти Людвиг гургъахъ нæдтæбæл рацудæй, берæ си адтæй урдугтæ, фулдæр ба – хæрдитæ. Зæгъун гъæуй уой дæр: царди нæдтæй некæд фæттарстæй, лæгæрста сæбæл, кодта сæбæл уæлахез…
* * *
Цибирти Алексейи фурт Людвиг райгурдæй 1932 анзи Зари гъæуи фæззæги фæстаг мæйи. Астæуккаг скъолай фæсте ахур кæнунмæ бацудæй Цæгат Иристони паддзахадон педагогон институти историон-филологон факультетмæ. Ахур кодта æновудæй, уой хæццæ ба ма разæнгардæй архайдта институти æхсæнадон царди дæр. Уомæ гæсгæ фиццаг æвзурст æрцудæй факультети, фæстæдæр ба институти фæскомцæдесон организаций секретарæй. Фал уæддæр æригон æвзугъд лæхъуæни æхемæ сайдтонцæ науки бæрзæндтæ æма бацудæй Цæгат Иристони наукон æртасæн институти аспирантурæмæ. Æцæг æй кæронмæ каст фæуун ба æ къохи нæ бафтудæй – бийнонтæ фæккæсунгъæуагæ ке адтæнцæ, уомæ гæсгæ ин æздæхгæ рауадæй сæхемæ. Косун райдæдта Цхинвали Туйгъанти Махарбеги номбæл аййевæдти училищей ахургæнæгæй, еци-еу рæстæг ба ма куста Хонсар Иристони паддзахадон музейи историон хайади сæргълæууæгæй дæр.
Æ кустмæ гæсгæ имæ ци ихæстæ хаудтæй, уони гъæугæ хузи æнхæст кодта, уотемæй ба æ зæрдæ дзурдта наукон исфæлдистадæмæ. Æма æ бæлдæ исæнхæст кæнунбæл архайгæ дæр кодта – архайдта аллихузон наукон мадзæлтти, мухури фæрæзнити дæр рæстæгæй-рæстæгмæ фæззинниуонцæ æ финст æрмæгутæ. Уомæ гæсгæ ба лæхъуæни арæхстдзийнæдтæ куд нæ рагъæр адтайуонцæ. Æма косунмæ хунд æрцудæй наукон-æртасæн институтмæ. Æ агъазиау искурдиадæ æма сæрæндзийнадæбæл дзорæг æнцæ æ берæ наукон æма зонадон æскъуæлхтдзийнæдтæ. Зæгъæн, æ кандидатон æма докторон диссертацитæ иссæнцæ цæмæдесаг фæззинд историон науки.
Æ цардвæндаги æма фæллойни алли рæстæг дæр бæлвурд дзубандий аккаг æй, уомæн æма си алкæцидæр идзагæй-идзагдæр æй аллихузон арфиаг гъуддæгутæй. Фал нин уомæн равгæ нæййес, уомæ гæсгæ ба цубурæй иской кæндзинан 1967-1993 æнзти туххæй. Еци æнзти дæргъци Цибири-фурт наукон-æртасæн архайди хæццæ ма æнтæстгинæй æнхæст кодта ахурадон-гъомбæладон куст бунæттон педагогон институти студентти хæццæ: райдайæни куд фæсаууонмæ хайади декан, уой фæсте адтæй бони хайади историон-филологон факультети декан, 1989-1993 æнзти ба адтæй ректор. Людвиг кади хæццæ хаста университети ректори берæ вазуггин æма агъазиау ихæстæй ихæсгингæнæг кадгин ном.
* * *
Царди æцæгдзийнадæ уæхæн æй æма адæймагæн æ фæсонæрхæги дæр ка нæ фæууй, уæхæн æййивддзийнæдтæ ин хæссун байдайуй æ карни фæлдесондмæ. Цибирти Людвигæн дæр, кæд аллихузон æхсæнадон гъуддæгути æма мадзæлтти ахид архайгæ рауайидæ, уæддæр, æвæдзи, уой æнгъæл ба нæ адтæй, æма политикæ æ карни уоййасæбæл агъазиау хай исуодзæнæй. Фал…
Нæ цитгин Советон Цæдес е ’дзæстуарзонти, æ медбæстон æма æндагон знæгти фудвæндæй ку фехалдæй, уæд тогниккалди æма гъезæмæртти рæстæгутæ ралæудтæнцæ, кæддæр хæларæй ка цардæй еци адæмтæбæл, фæккæрæдземæ ’нцæ, æма си ке бон куд адтæй, уотæ иннети, сæхецæй æнæхъаурæдæрти гъезæмарæ кæнун байдæдтонцæ. Уæхæн рауадæй Хонсар Иристони уавæр дæр – Гурдзий фашистон разамунд бавналдта æ нихмæ геноцид аразун. Æма Хонсари цæрæг рæстзæрдæ дзиллæ балæдæрдтæнцæ – гъæуй сæ, еци фидбилизхæссæг рæстæг рæстзæрдæ, сæ фидиуæзæгбæл æновуд æма æ сæрбæлтау уодуæлдайæй архайунмæ цæттæ ка уодзæнæй, уæхæн раздзæуæг. Берæ рагъуди-багъуди кæнун сæ нæ багъудæй – байагурдтонцæ Цибирти курухон Людвиги. Е дæр æй куд нæ лæдæрдтæй, цæйбæрцæбæл уæззауæй-уæззаудæр уаргъ æма бæрнондзийнадæ райсунæй ихæсгин кæнунцæ адæм. Уæддæр исарази æй, лæдæрдтæй æй: гъæуй, æнæмæнгæ гъæуй!..
Цибирти Людвиг Хонсар Иристони сæргъи ци рæстæг адтæй, уой, дзубанди дæр ибæл нæййес, адтæй æгæрон уæззау, тасдзийнæдтæ æма æверхъаудзийнæдтæй идзагæй-идзагдæр… Уидта уони Людвиг, фал æ нифс некæд басастæй, аллирауæн дæр алли хатт дæр адтæй æ тухст æма архайд адтæй адæми æма еумæйаг фидиуæзæги сæрбæлтау.
Цудæй рæстæг, æма уой æййивддзийнæдтæмæ гæсгæ æййивддзийнæдтæ цудæй республики паддзахадон арæзти дæр. Сæйраг Совети æма æ Президиуми бæсти багъудæй Парламент, ралæудтæй Президент æвзаруни догæ. Людвиги æнæзæрдихудт куст ка лæдæрдтæй æма ин рæстуодæй ка аргъ кодта, уони фæндадтæй, цæмæй Президент е иссайдæ. Æма сæ фæндæ рацудæй…
Цибирти Людвиг Хонсар Иристони Президентæй ци фондз анзи фæккуста, уони дæргъи ин ци бантæстæй, уобæл нуртæккæ нæ дзордзинан – адæм сæ уотемæй дæр хуарз зонунцæ. Æнтæсгæ ба ин, баруагæс уи уæд, берæ бакодта. Фал цæмæдæр гæсгæ иннæ президентон æвзурстити рæстæг фæууæлахез æнцæ æндæртæ…
Нæ зонæн, уой фæдбæл ка куд гъуди кæнуй, махмæ гæсгæ ба, уоми хуарздзийнадæ зингæ фулдæр ес. Уомæн æма Цибирти ахургондæн фæцæй равгæ æ наукон искурдиадæ агъазиау æскъуæлхтдзийнæдтæй раргом кæнун. Æ исфæлдистадон фæллæнттæ (дууинсæй киунуги, фондзсæдемæй фулдæр зонадон уаци) уомæн æнцæ ирд æвдесæн. Сæ кæцидæрти ранимайдзинан: «Ирон адæмон бæрæгбонтæ», «Кавказы периодикон мыхуыр Ир æма ирæттыл» (7 киунуги), «Ирон хъæуы социалон культурæ» (1969), «Осетинское народное жилище» (1970), «Традиционная культура осетин» (2008), «Осетинская Нартиада» (2016) æма æндæртæ. Людвиги фæрци абони нæ къохи ес «Осетинская этнографическая энциклопедия».
Зæгъун ма гъæуй уой дæр, æма Цибирти Людвиг, куд æцæг искурдиадæгин адæймаг, уотæ ’й берæ аллихузон лæгигъæдти хецау: æй историк, этногрæф, публицист, литературон критик…
Профессор Цибири-фурт ахид архайуй аллихузон дуйнеуон уæрæсеуон æма республикон наукон конференцити, конгрессти, æй Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети диссертацитæ гъæуайгæнæг къамиси Совети иуонг, Владикавкази наукон центри Президиуми иуонг. Абони дæр ма иуонгрæуæгæй косуй Цæгат Иристони гуманитарон-социалон æртæстити институти этнологий хайади сæргълæууæгæй.
Фæнди науки къабази, фæнди æхсæнадон архайæг, Людвиг Алексейи фурти алкæддæр хецæн кæнуй гъуддагмæ бацуди æ бæрнон рахаст, уомæн æма ци фарстатæ райсуй æхемæ, етæ сæхуæдтæ фæуунцæ ахсгиаг æма бæрнон.
* * *
Аци бæнтти Ири дзиллæ науки æма культури къабæзти архайгутæ, æхсæнадон фронти косгутæ, æ хеуæнттæ, хуарз æй ка зонуй, етæ ин арфитæ кæнунцæ æ дæс æма цуппаринсæй анзей бæрæгбони фæдбæл. Е иссæй еума æвдесæн, Иристон, Кавказ, Уæрæсе, фæсарæйнаг ахургæндтæ ци устур аргъ кæнунцæ нæ хъазар юбилярæн, уомæн. Иристон лæгау лæгбæл ке нимайунцæ, Иристони исонибони аразгути раст надбæл ка ’фтауй, нæ истори æма нин нæ лæгдзийнæдтæбæл нин гадзирахаттæй ка цæуй, уонæн аккаг дзуапп ка дæттуй, не ’стур гъуддæгути устур æма разагъди фæдесонбæл ке нимайæн, е æй нæхе курухон лæгау лæг Цибирти Людвиг.
Мах, газет «Дигори» редакций косгутæ нæ газеткæсгути хæццæ дин, Людвиг, зæрдиагæй арфæ кæнæн. Адæм ма дин æнгъæлмæ кæсунцæ дæ берæ нæуæг лæггæдтæмæ, æма дин бантæсæд. Дæхуæдæг æнæнез æма зæрдрохс уогæй!..
Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта КОЛИТИ Витали.