ЦÆГАТ ИРИСТОНИ АГЪАЗ ЧЕРНИГОВÆН
Зундгонд куд æй, уотемæй æрæги Цæгат Иристон æма Запорожьей облæсти ’хсæн ци бадзурд федаргонд æрцудæй, уомæ гæсгæ нæ республикæ æ армæ дардзæнæй облæсти Чернигови райони социалон-экономикон уавæр бахузæнон кæнунбæл.
Уæрæсейаг нæуæг региони муниципалон районтæй еуебæл Цæгат Иристон æмцегадæ куд кæндзæнæй, Чернигови цæргутæн куд агъаз кæндзæнæй, еци архайди фæткæ аразуй сæрмагонд оперативон штаб. Нерæнгæ еци штабæн Дзæуæгигъæуи адтæй цалдæр æмбурди.
Штаби иуонгтæ куд фæббæрæг кодтонцæ, уотемæй Цæгат Иристон нерæнгæ райдæдта æнхæст кæнун Чернигови районæн агъази аллихузон мадзæлттæ. Зæгъæн, районмæ æрвист æрцудæй донласæн хуæдтолгæ, райони организацитæн ба балхæдтонцæ сахъат адæмæн гъæугæ ефтонггæрзтæ… Уомæй уæлдай, Черниговки поселоки Иристони минæвæрттæ идарддæр æнхæст кæнунцæ бунæттон аргъауæни цалцæг. Нерæнгæ запорожьейаг сувæллæнтти цалдæр къуари сæ фæллад исуагътонцæ цæгатиристойнаг лагертæ æма дзæбæхгæнæн центрти. Абони уæнгæ бал нæ республикæ исиуазæг кодта 120 сувæллони. Сæрди кæронмæ ба еци нимæдзæ 750 адæймагемæй фæффулдæр уодзæнæй. Чернигови райони хестæр кари минæвæрттæ ба нуртæккæ се ’нæнездзийнадæ федардæр кæнунцæ Дзæуæгигъæуи геронтологон центри…
Нуртæккæ фарста æвæрд цæуй, цæмæй сæйрагдæр æргом æздæхт æрцæуа Чернигови райони социалон косæндæнтти уавæрмæ. Зæгъæн, хæстæгдæр пълантæмæ бахастонцæ райони æртæ скъолай æма еу рæвдауæндони цалцæг. Уомæй уæлдай, Черниговки райараздзæнæнцæ донуадзæн-канализацион хæтæлтæ.