ЦÆМÆЙ ФÆЛЛОЙНÆГÆНÆГ Æ РАВГИТÆЙ ЗÆРДИРАЙ УА!..
Зундгонд куд æй, уотемæй алли анз дæр профцæдести хъæппæресæй 7 октябрь исуй аккаг фæллойни фадуæттæ аразуни сæрбæлтау архайди Еугурдуйнеуон бон (Всемирный день действий за достойный труд). Еци бон ци мадзæлттæ арæзт æрцæуй, уони нисанеуæг æй фæллойнæгæнæг дзилли сæрбæл исдзорун æма син сæ бартæ æнхæстæй багъæуай кæнун.
Профцæдести размæ ци ахсгиаг фарстатæ æвæрд ес, уонæн сæ сæйрагдæртæй æнцæ – косгутæн сæ фæллойнæбæл аккаг мизд федун, сæ кусти син æмбæлгæ уавæртæ аразун, социалон æмгустадæ фæгъгъомусгиндæр кæнун æма уотæ идарддæр. Профцæдестæ еудадзугдæр архайунцæ фæллойнæгæнгутæн сæ кусти фæдбæл мизд еудадзугдæр фулдæр кæнунбæл, цæмæй косгутæн æма сæ даруйнæгтæн уа аккаг хузи цæруни фагæ, цæмæй адæмæн кусти бунæттæ фулдæр кæнонцæ.
Устур куст цæуй, нуртæккæ сæрмагонд æфсæддон операций ка архайуй, уони хæццæ коллективон бадзурдтæ аразунбæл, цæмæй син уæлæнхасæн фæрæзнитæ дехгонд цæуонцæ сæхе æма сæ бийнонти царди уавæртæ фæххуæздæр кæнунæн.
Паддзахадæ кæд устур æргом æздахуй социалон-нисанеуæггон политикæмæ, уæддæр нæ абониккон цардарæзти ма берæ ес æнæмæнгæ райаразуйнаг фарстатæ. Нерæнгæ ма беретæ барæ-æнæбари дæр косунцæ, æхцай фæрæзнитæ федуни уавæр, мизди рæстæмбес нимади бæрцæй дзæвгарæ дæлдæр кæми æй, уæхæн кустити. Еуæй-еу æдзæсгон кустдæтгутæ аллихузи дæр архайунцæ закъони сæрти рахезунбæл, уæдта закъонади фæткитæ æма домæнтæ ихалгæй, нецæмæ дарунцæ социалон æмгустади домæнтæ. Уомæ гæсгæ ба уæлдай устурдæр æргом гъæуама æздæхт цæуа паддзахади экономикон къабази кусти уавæртæ фæххуæздæр кæнунмæ, фулдæр æма комкоммæ бæлвурддæр архайд гъæуама цæуа коллективон бадзурдти æма бафедудти ахедундзийнадæ уæлдæр кæнунбæл.
Цæгат Иристони культури косгути профессионалон цæдес