04 декабря 2024

ЦАЛИНМÆ СÆ ИМИСÆН, УÆДМÆ ÆГАС УОДЗÆНÆНЦÆ…

30.11.2024 | 21:36

Фидибæсти сæрбæлтау истохуни дзаман ку ралæууй, уæд Иристони тохунгъон дзиллæ нæ бæсти иннæ адæмихæттити минæвæртти хæццæ хъæмалвæстæй ратагъд кæнунцæ  тугъди будурмæ, уодуæлдайæй бавдесунцæ сæ лæгдзийнадæ æма бæгъатæрдзийнадæ нæ адæмæн дæр æма сæхецæн дæр кади ном искæнунцæ.

Абони дæр уотæ ’й – куд нæ Иристони еугур рауæнтæй, уотæ Заманхъули нæлгоймæгтæй дæр беретæ архайунцæ сæрмагонд æфсæддон операций сауæнгæ райдайæнæй ба нуриуæнгæ, се ’хсæн ес, паддзахадон хуæрзеугутæй хуарзæнхгин ка иссæй, уæхæнттæ.

Фал тугъд тугъд æй, гъулæггагæн, мæлæт æмдзо кæнуй нæ лæхъуæнти хæццæ. Куд Иристони иннæ гъæутæмæ, уотæ Заманхъулмæ дæр фудонхи хабæрттæ исигъустæй къуар хатти. Абони Цæллагти Аслæнбег, Æгайти Æхсарæ, Багати Валери æма Сатцати Сæрмæт æнцæ хъонци нимæдзи. Бæргæ дзурдтонцæ сæ ниййергутæн, цардæмбæлттæн æма сувæллæнттæн, уæлахезонæй уæмæ зиндзинан, зæгъгæ. Фал сæ дзурд исæнхæст кæнун сæ къохи нæ бафтудæй – сæ цард равардтонцæ нæ еугурей сæрбæлтау. Æма кæд абони не ’хсæн нæбал æнцæ, уæддæр сæ рохс нæмттæ ба цæргæ-цæрæнбæнтти байзайдзæнæнцæ нæ зæрдити, нæ гъудити, исонибони фæлтæртæ сæ дæнцæнæн хæсдзæнæнцæ.

Рахесфарси райони арæзт цæунцæ æдзард бæгъатæрти имисæн мадзæлттæ – уæхæн хъæппæрес равдиста бунæттон силгоймæгти Совет проект «Рæстæг равзурста мах»-и бундорбæл. Имисæн изæр арæзт æрцудæй Заманхъули бунæттон культурон Хæдзари. Ами фойей ес гъæздуг цæстуингæ æрмæг гъæуи истори, æ бундорæвæргути туххæй. Устур Фидибæстон тугъди архайгутæ æма фæллойни раззагдæрти къартæ, нур ба ма си фæззиндтæй хецæн бунат, сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæй æ хæдзарæбæл сæрæгасæй ка нæбал исæмбалдæй, еци тугъдонти къартæ дæр. Ами син сæ хуæрзеугутæ дæр æрæвардтонцæ.

Фæууинæн ма си ес, Цæллагти Аслæнбег (æ фæсномуг – «Скиф») тугъди будурмæ ке хæццæ рандæй, Иристони еци туруса дæр. Æ уæле финст, знаги нихмæ ке хæццæ тох кодта, еци тугъдон æмбæлтти нæмттæ æма фæсномгутæ. Ку фæммард æй, уæд ин æй е ’мбæлттæ Иристонбæл исæмбæлун кодтонцæ.

Къартæй нæмæ кæсунцæ цардбæллон æригон нæлгоймæгтæ. Мадзали ка архайдта, еци ниййергутæ, хæстæгути цæститæ ба – цæстисугæй се ’дзаг, уотемæй син дзурдтонцæ сæ цардвæндаги туххæй. Еци бон цума Заманхъули цæргутæ сæ еугурдæр культури артдзæстмæ æрæмбурд æнцæ – алке дæр фæндадтæй се ’мзæнхон бæгъатæрти ном иссерун, Цæллагти, Æгайти, Багати æма Сатцати зингхуст тугъдонти ниййергути, бийнонти ристæй хай сæхемæ райсун.

Мадзали архайдтонцæ райони сæргълæууæг Фрайти Сослан, райони бунæттон администраций сæргълæууæги хуæдæййевæг Цорæти Артур, Гъæуи администраций хецау Хадихъати Мухæдин, гъæуи хестæр Хадихъати Хъасболат, гъæути хецæуттæ Базрати Аслан, Гæлуати Заурбег, райони ветеранти Совет æма Нихæси иуонгтæ, Алайнаг хъазахъаг æфсад, ахурадæ æма культури минæвæрттæ, хореограф, Уæрæсей культури æскъуæлхт косæг Хъайтмæзти Мæдинæ.

Фембæлд барæсугъд кодтонцæ бæгъатæртæбæл æмдзæвгитæ дзорунæй æма зартæй культури Хæдзари косгутæ æма скъоладзаутæ.

– Уæ зæрдрист, уæ хъонц уин уæддæр еуцæйбæрцæдæр фæмминкъийдæр кæнунæн нæ бон айдагъдæр е æй, æма сумах фарсмæ уæ зин сахатти æрбалæуун, – загъта æ радзубандий Фрайти Сослан. – Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйлой æма  нæ еугурей номæй уин тæфирфæс кæнун, уæдта уин арфæ кæнун Райгурæн бæстæн уæхæн аккаг æхсаргин фурттæ ке исгъомбæл кодтайтæ, уой туххæй.

Арфи дзурдтæ ниййергутæ æма хеуæнттæн загътонцæ Хадихъати Мухæдин æма Хадихъати Хъасболат дæр.

Мадзалмæ ’рбацæгутæ ба райарфæ кодтонцæ имисæн изæр исаразгутæн – культури Хæдзари косгутæн, сæ сæргъи Æгайти Алинæ, уотемæй, уæдта рæвдауæндони коллективæн, гъæуи разамундæн, Беслæни сувæллæнтти аййевæдти скъола æма æ сæргълæууæг Цæгæрати Альбинæн, силгоймæгти Советæн.

 

Олеся КРИВОВА, æхсæнадон уацхæссæг.