06 октября 2024

ЦАРДÆЙ ИСТ ХАБÆРТТÆ

07.03.2024 | 21:21

Хуцау силгоймаги ку исфæлдиста, уæд ин загъта:

– Уо рæсугъд, уо зæрдæмæдзæугæ, уо фæлмæн, уо фæразон, уо бухсагæ… Кæд дæ бон бауа, уæд хаттæй-хатт уо зундгин, идæрдтæбæл гъудигæнагæ, амалгин, уæдта еуцæйбæрцæдæр цæмæдес. Уæд дæмæ амонд æ медбилти ходдзæнæй.

– Арфиаг уо Ме ’Сфæлдесæг, дæ фудæбон æма зундгин унаффитæй. Æнæмæнгæ сæ æнхæст кæндзæнæн, æцæг еци-еу рæстæг нæ. Фал, о цитгин Хуцау, лæдæрагæ уо, зæгъгæ мин уæхæн унаффæ цæмæннæ бакодтай?– Хуцау ин уæхæн дзуапп равардта.

– Уомæн æма, лæдæрагæ ку уай, уæд силгоймаг нæбал уодзæнæ.

КИТАЙАГ УОСÆ-ПАДДЗАХ СИЛИНЧИ

Китайаг император берæ уарзта æ бийнойнаг Силинчий. Хъæбæр æй фæндадтæй, цæмæй æ уарзон уосæ-паддзах адæмæй макæд феронх адтайдæ. Еууæхæни ин равдиста цилле золкъæ æма ин загъта: «Базонæ аци золкъи хæццæ архайун, æма дæ адæм муггагмæ имисдзæнæнцæ».

Силинчи æ цæстæ дарун байдæдта золкъитæмæ æма бафеппайдта: мæрдвунæй ку баунцæ, уæд тунти къубулойнитæ фестунцæ. Уæд син сæ тунтæ райхалдта, балвиста сæ æма си цилле сæрбæттæн бауафта. Уæдта тутай сифтæ æртудта золкъитæн хуаллагæн. Уотемæй золкъитæ исберæ ’нцæ, æма адæм дæр фæццалх æнцæ еци кустбæл.

Уæдæй нурмæ еу-фондз мин анзей бæрцæ рацудæй, фал китайæгтæ сæ уосæ-паддзах Силинчий нæ феронх æнцæ. Æ номбæл ин сауæнгæ бæрæгбон дæр ма æримистонцæ.

СИЛГОЙМАГ ÆМА ÆДУЛИДЗИЙНАДÆ

… Силгоймагмæ зунд ке ес, е уотæ лæдæргæ нæй æма æдули миутæй цох æй.

Ес уæхæн æмбесонд. Силгоймаг бацудæй Хуцаумæ æма си курдта, рæсугъд æма, дан, мæ гъæладзæф искæнæ.

– Æма дæ, рæсугъд уай, е цæмæн фæндуй? – бафарста æй Хуцау.

– Цæмæй нæлгоймæгти зæрдæмæ цæуон, – дзуапп равардта силгоймаг.

– Æдули унмæ ба цæмæн бæллис?

– Цæмæй нæлгоймæгтæ мæ зæрдæмæ цæуонцæ.

– Е дин дессаг, е!

Уогæ раст æй, не ’хсæн уæхæн нæлгомæгтæ ес, гъæладзæф силгоймæгтæ æ уод, æ цæстæ кæмæн æнцæ.

Николай Гоголь финста: «Глупость составляет особенную прелесть хорошенькой женщины. По крайне мере я знал много мужей, которые были в восторге от глупости своих жен и видят в ней все признаки младенческой невинности».

Классики финститæ кæсгæй, цардæгаси хузæн дæ рази февзуруй классикон силгоймаг – хъоппæгъцæстæ, даргъ дзиккогин, къæбæда, цъухидзагæй ходагæ, гъæлагонд.

Гоголь раст зæгъуй: фулдæр хæттити гъæлагондæй сæхе равдесунцæ хуæрзуинд силгоймæгтæ. Æндаг бакастæй цаудгомау ка æй, уæхæнттæ ба еци «фарнæй», гъома, гъæлай менеугутæй æнæхай фæуунцæ. Дæ цæстити фæрци нæлгоймаги зæрдæ дæ бон балхæнун ку нæ уа, уæд æнæмæнгæ фæгъгъæуй зунд байефтиндзун.

Уæдта ма разагъди Гоголь еу гъуддаг бафеппайдта: мах, гъома, нæлгоймæгти, ибилисти æнгурæ уайсахат райахæссуй æма хенимæри фæззæгъæн: мæнæ мæ рази ци гъæладзæф, сувæллони хузæн æнæхийнæ, æназум силгоймаг ес!

Æма нæ æрфæндуй: тæходуйтæ, уæхæн æнæхийнæ, æмбаргæ силгоймаг еудадзуг мæ фарсмæ ку уайдæ – устур хуæрзти ин бацæуинæ, мæ уæлнихти æй хæссинæ!

Еци бæллецти фауйнагæй неци ес, фал нæ нæ рæузунд фæррæдуйун кæнуй. Зундгин ахургæнæги хузæн бæргæ исуæн, фал æнæнгъæлти къæппæги исмедæг уæн: «не ’нæхийнæ ахуркæнуйнаг» нин æхуæдæг зундамонгæй рагæпп ласуй.

Силгоймаги налат миутæн кæрон нæййес. Бæлвурдæй нæ гъуди кæнун, Альберт Эйнштейн æви Бернард Шоу загъта: «Есть две бесконечности – Вселенная и глупость. Впрочем, я не уверен насчет Вселенной».

Мадта, æцæгæйдæр гъæла силгоймагæн æ гæнæнтæ, æ равналæнтæ хъæбæр урух æнцæ. Æ миутæ, æ хуæрзарæхст ин рабарæн ес айдагъдæр генийи æвæллайгæ архайди хæццæ.

Нæлгоймаги зунд æма силгоймаги зундæн рабарæн нæййес. Мадта сæ гъæладзийнадæ дæр бустæги фæйнæхузи æй. Цæветтонгæ, нæлгоймаги гъæладзийнадæ æй бустæги хумæтæг, æргом, силгоймаги гъæладзийнадæ ба исхонæн ес æ зунди хецæн хузæ. Зæгъæн, силгоймаг дин æнæнгъæлæги дæ гъоси бацæгъддзæнæй:

– Ду зундгин дæ, гъай-гъай. Æз ба гъæладзæф. Æма гъæуама зундгин гъæлайæн хатир кæна.

Æма зундгин лæг еудадзуг хатир кæнун райдайуй силгоймагæн. Гъæладзæф ба зундгинæн паддзахи хузæн исуй. Гъема еугур дуйне дæр æдулидзæфти бауй.

Мадта нæ дзубандий кæрони силгоймæгтæн мæ зæрди ес æримисун немуцаг «æфсæн канцлер» Бисмарки гъуди: «Глупость – дар Божий, но не следует злоупотреблять этим даром!»

КА КЕ РАСАЙА

Еугур бæститæбæл дæр игъустæй хабар, фæсхонхи, дан, ес уæхæн сайæгой, æма ибæл некема фæхъхъæбæрдæр æй. Еци хабар игъустонцæ иннæ сайæгойтæ дæр. Уæд еууæхæни дæснидæр сайæгойтæй еу æхе исрæвдзæ кодта, къуæрей æмгъудæн хуаллаг æ хæццæ райста æма цæунтæ райдæдта фæсхонхи гъæумæ. Цæйбæрцæ фæццудайдæ, ка ’й зонуй, æ дзабуртæ хуæнхтæбæл цæунæй бафехсудæнцæ, уотемæй тухамæлттæй бахъæрттæй сайæгойи гъæумæ.

Бустæги ку ’рбахæстæг æй, уæд ставд уаруни æртæхтæ хаун байдæдтонцæ. Нур ке бафæрса æ фусуни хæдзарæй? Кæсуй, æма дин уæлæ дони билæбæл еу æригон кизгæ дзаумæуттæ æхснуй:

– Зæгъай, хуарз кизгæ, ами сайæгойи хæдзарæ ци рауæн æй?

Кизгæ æ куст фæууагъта, фæндаггонмæ сæрæй-бунмæ æркæститæ кодта, уæдта ин дзуапп равардта:

– Ами нæй, арв æмпъозунмæ рандæй.

Фæндаггон къехæй байзадæй. Уæдта кизгæ е ’хснун фæууагъта æма имæ дзоруй:

– Деси цæмæн бацудтæ хуарз лæг, уарун нæ уинис, е арв фæцъцъасæ ’й, æма уой æмпъозунмæ рандæй.

«Гъе, гъе, – зæгъгæ, рагъуди кодта бæлццон, – сæ сувæллæнттæ уотæ дзурдарæхст кæмæн æнцæ, уонæн ма сæ сайæгой ба, цума, цæхуæн уодзæнæй!..» – æма фæстæмæ фæззилдæй.