25 апреля 2024

ЦАРДИ ДÆМÆ ЦИ НÆ ХАУЙ, УОЙ МА АГОРÆ?..

17.12.2022 | 23:02

Еу кадæр иннемæ уотæ дзоруй: «Цæмæдесагæй цæрун хуарз æй!..» Æма ин е дæр загъта: «Хуарз цæрун ба цæмæдесагдæр æй!..»

Æцæгæйдæр, æнæмæнгæ гъæугæдзийнæдтæй æнхæст цардмæ ба ка нæ бæллуй!.. Æма социологтæ уæрæсейæгтæй, уæ материалон уавæр абони циуавæр æй, зæгъгæ, ку бафарстонцæ, уæд сæ цуппæрæймаг хай (23%) кæд арази ’нцæ сæ уавæрæй, уæд алли фæндзæймаг ба си (19%) æнцæ зингомау финансон уавæри. Сæ цардгъондзийнадæй фулдæр райгонд æнцæ фæсевæд, æхцай нæхъæртондзийнадæй фулдæр гъаст кæнунцæ 40-60 анзей кари адæм. Æрфарст адæмæй айдагъдæр сæ 7%, сæ загъдмæ гæсгæ сæ материалон равгитæ фæстаг 2-3 мæйеми фæххуæздæр æй (еци бæрæггæнæн, фариккон августи бæрцæй дууæ хатти минкъийдæр æй), алли цуппæрæймагæн (25%) ба фæллæгъуздæр æнцæ, 66% ба байзадæнцæ раздæри хузæнæй. Хæстæгдæр анзи хуæздæр æййивддзийнæдтæбæл сæ зæрдæ дарунцæ æрфарст адæми 21%, сæ 16% тæрсунцæ фæммæгурдæр унæй, 38% ба æгириддæр неци æййивддзийнæдтæмæ æнгъæлмæ кæсунцæ.

 

Циуавæр æй уæ материалон уавæр?
Социологтæ уæрæсейæгтæй уотæ ке бафарстонцæ, уони дзуæппитæ адтæнцæ мæнæ ауæхæн (проценттæй):

 

56% – рæстæмбес

23% – хуарз

19% – лæгъуз

2% – бæлвурд дзуапп раттунгъон нæ дæн