26 апреля 2024

ЦИРТДЗÆВÆН – НАМУСГИН ТУГЪДОНÆН

18.06.2021 | 22:04

Евгъуд къуæрей кæрони олгинскæгтæ æримистонцæ, Фиццаг дуйнеуон тугъди устур æскъуæлхтдзийнæдтæ ка равдиста æма Георгий цуппар дзиуари ка райста, уой, Хадихъати Елизари фурт Виссариони (Бези) рохс ном.

Муггаги хъæппæресæй Георгий цуппар дзиуари райсæгæн æ райгурæн гъæуи культури Хæдзари тургъи æвæрд æрцудæй бюст. Æ байгон кæнуни фæдбæл кадгин æмбурд амудта Хадихъати Руслан – муггаги совети сæрдар.

Бæгъатæри цард æма тохи нæдтæбæл лæмбунæг дзубанди ракодта Хуæнхон паддзахадон аграрон университети ахургæнæг Хадихъати Артур. Е куд байамудта, уотемæй Безмæ 1911 анзи 28 олгинскагемæ фæсседтæнцæ æфсæддон службæмæ сахар Армавирмæ, Ирон бæхгин дивизионмæ. Еци дивизион зундгонд адтæй, æма, Хуæнхон-Терки бæхгин полкки архайгæй, 1877-1878 æнзти уруссаг-турккаг тугъди Болгари æма Турки зæнхæбæл тугъдтити ке равдиста устур бæгъатæрдзийнадæ.

Уруссаг-турккаг тугъди фæсте еци дивизион ниххæлеу кодтонцæ, фал бабæй нæуæгæй арæзт æрцудæй 1914 анзи. Фиццаг дуйнеуон тугъди райдайæни, 1915 анзи Никъалай II бардзурдмæ гæсгæ дивизионæй арæзт æрцудæй полк, æма æ нимæдзæ исхъæрдтæй 977 бæхгин æфсæддоней уæнгæ. Еци рæстæгмæ Хадихъати Виссарион иссæй Георгий цуппар дзиуари кавалер. Æ хæццæ ма службæ кодта æма устур бæгъатæрдзийнадæ равдистонцæ Сокати Константин, Гугкати Бади, Малити Мишæ.

Уæрæсей революци ку райдæдта, еци рæстæг ирон полк  бахъæрдтæй польшаг сахар Станисловмæ.  Рæстæгмæ хецауадæ полк æрбакодта Уæрæсемæ революцион змæлд ниссабур кæнунмæ. Фал ирæнттæ нæ бакумдтонцæ Петроградмæ косгути нихмæ тохунмæ рандæ ун æма сæ хæдзæрттæмæ раздахтæнцæ.

1917-1920 анзи Без разамунд лæвардта бандитти нихмæ тохгæнæг къуарæн æма гъæуай кодта уонæй Олгинскæ æма Бæтæхъойгъæу. Виссарион идарддæр службæ кодта Сурх Æфсади, сахар Армавири фæсевæди ахур кодта бæхгин æфсæддон скъолай сосæгдзийнæдтæбæл. 1929 анзи Таджикистани тох кодта советон хецауади нихмæ арæзт къуæртти хæццæ.

Советон Уæрæсей политикон уавæр еци рæстæг хъæбæр вазуггин адтæй. Паддзахи æфсади æхе сæрæнæй ка æвдиста, хуæрзеугутæ кæмæ адтæй, уонæмæ дардтонцæ æнæууæнкæ цæстингас. Æма 1933 анзи Виссарион, æ бийнойнаг Надеждæ, сæ сувæллæнттæ Раисæ æма Владимири хæццæ æрвист æрцудæнцæ Казахстанмæ.

 

Рамардæй Без 1940 анзи æма нигæд æй Олгинскийи. Фиццаг дуйнеуон тугъди рæстæг æма уой фæсте дæр ци номдзуд тугъдонтæ æма тохи разамонгутæ рацудæй, уони туххæй бæлвурд дзубанди ракодта историон наукити кандидат, доцент Фидарати Олег.

Æмбурди радзурдтонцæ Республикæ Цæгат Иристон-Аланий национ рахастдзийнæдти фарстати фæдбæл министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Цуцити Аслан æма иннæ кадгин иуазгутæ.

Кæронбæттæни муггаги хестæр Хадихъати Мæирбег æма Цæгат Кавкази суворовон æфсæддон училищей æртиккаг къурси ахурдзау, Хадихъати хуæрифурт Хестанти Алан кадгин уавæри байгон кодтонцæ Хадихъати Виссариони (Бези) циртдзæвæн.