20 апреля 2024

ЦИТГИЙНАГ ÆМА УАРЗОН ДÆ ДЗИЛЛÆН, АХУРГÆНÆГ!..

08.10.2022 | 14:53

Сугъзæрийнæ, бæркадхæссæг фæззæг… Адæймаг уалдзæги царддæттæг хуари нæмгутæ байтауй, фæззæги ба си гъæздуг тиллæг исесуй.

Ахургæнæги дæсниадæ дæр æдзæстхезæй уой хæццæ ес рабарæн. Уæхæн адæймаг, æвæдзи, нæййес, æма æ ахургæнгути, уæлдайдæр ба æ фиццаг ахургæнæги боз æма арфиагæй ка нæ гъуди кæнуй.

Ахургæнæг зонундзийнæдти æма рæстуоди бæркади нæмугæй ке байтауй ахурдзаути зæрдити, уони тиллæгæй аразгæ ‘й нæ адæми, нæ бæсти фарнæ, æ исонибон. Скъола сувæллæнттæн исуй сæ райгурæн хæдзари хузæн, æма си къонай гъар балæдæрунцæ ахургæнæгæй. Уомæ гæсгæ хумæтæги нæ рауадæй уотæ, анзи рæсугъддæр афæнттæй еуеми – октябри – ахургæнæги Еугурдуйнеуон бон ке бæрæг кæнæн, е.

Айдагъдæр, æнзти сæрти рахезгæй, балæдæрæн, цæйбæрцæбæл агъазиау хъаурæ исхарз кæнуй ахургæнæг, цæмæй æхсæнадæн, бæстæн аккаг хъæболтæ багъомбæл кæна. Уой фæдбæл берæ зæрдиаг зæгъдтитæ райгъустæй, бæрæгбони кадæн нæ республики еугур рауæнти дæр ци берæ аллихузон мадзæлттæ арæзт æрцудæй, уоми. Сæ сæйрагдæр ба Цæгат Иристони разамунди хъæппæресæй рацудæй Дзæуæгигъæуи. Уой туххæй æрмæг кæсетæ 8-аг фарсбæл.