25 апреля 2024

ЦИТГИЙНАГ ӔЙ АБОНИ ДӔР МА ДЗИЛЛӔН…

11.12.2021 | 11:49

Иристони алли муггаг дӕр сӕрустур фӕууй, лӕгигъӕдгунӕй си царди медӕгӕ арфиаг гъуддӕгутӕй ка фескъуӕлхтӕй ӕма дзилли ’хсӕн кадгин ка фӕууй,  уонӕй. Хъиргъути мугагги уӕхӕн разагъди лӕгтӕ берӕ разиндзӕнӕй Уонӕй еу – рохситауӕг ӕма ӕхсӕнадон архайӕг, Советон Цӕдеси ахуради кадгин косӕг Хъиргъути Геуӕргий фурт Сократ. Хуӕрзӕгъдаудзийнадӕ ӕма рӕстуодӕй фӕллойнӕ кӕнунмӕ тулаваст, адӕмуарзон ӕма зӕрдхӕлар – аци ӕма ма берӕ ӕндӕр зӕрдӕмӕдзӕугӕ менеугутӕ  адтӕнцӕ, ӕ карни хабӕрттӕ ин ӕнхӕстӕй ӕма фӕрнгунӕй аразун ке фӕрци ӕнтӕстӕй, уӕхӕн бундор.

Хъиргъути Сократ, гъулӕггагӕн, абони не ’хсӕн нӕбал ӕй, фал уӕддӕр ӕ рохс ном цӕруй, арфиаг си ка ’й, ӕ еци уарзон дзилли зӕрдити.  Абони ’й мах ба имисӕн уомӕ гӕсгӕ, ӕма 15 декабри ӕ райгурдбӕл  ӕнхӕст кӕнуй ӕртиндӕс ӕма цуппаринсӕй анзи (1928 – 2002), Уой фӕдбӕл ӕрмӕгутӕ кӕсетӕ 6-7 фӕрстӕбӕл.