04 октября 2024

ЦИТГИЙНАГ НИН ДӔ, НИЙЙЕРӔГ МАДӔ!..

27.11.2021 | 09:57

Цалдӕр боней фӕсте, 28 ноябри бабӕй бӕрӕггонд цӕудзӕнӕй, алли адӕймагӕн дӕр уӕлдай зӕрдтагон ӕма хъазар ка ‘й, еци бӕрӕгбон – Мади Бон. Алли адӕймаг дӕр иссердзӕнӕй равгӕ уой исцитгин кӕнунӕн. Сӕ мадтӕлтӕ ма цардӕгас кӕмӕн ӕнцӕ, етӕ сӕ барӕвдаудзӕнӕнцӕ сӕ арфитӕй. Сӕ мадтӕлтӕ цардӕгас кӕмӕн нӕбал ӕнцӕ, етӕ ба син сӕ рохс нӕмттӕ иссердзӕнӕнцӕ, сӕ номерӕнӕн иннӕ мадтӕлти сӕ арфитӕй фӕххайгин кӕндзӕнӕнцӕ – мади зӕрдӕ лӕдӕрагӕ ‘й, ӕма сӕ рохсаггаг мадтӕлтӕмӕ  ци ӕносон дуйней ӕнцӕ, уордӕмӕ дӕр, ӕруагӕс ни кӕнуй, байгъусдзӕнӕй сӕ еци хуарздзийнади хабар, ӕфсапӕ ӕма уодӕнцойнӕдзийнадӕ син уодзӕнӕй. Еузагъдӕй, Мади Бон ӕй еугурадӕмон бӕрӕгбон, ӕма ‘й рӕстуодӕй нӕ еугурдӕр исбӕрӕг кӕнӕн. Нӕ еугуремӕн дӕр исуӕд хуарз ракӕнуни ӕма рӕстуодӕй ауодуни равгӕ. Нӕ фидтӕлтӕ хумӕтӕги нӕ зӕгъиуонцӕ: «Мади зӕрдӕ – царди нивӕ!..» Ӕма ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ке ‘й, уой бӕлвурд райдзастхӕссӕг гъуддӕгутӕй бавдесӕн!..

(Мади Бони кадӕн ӕрмӕгутӕ кӕсетӕ  8-аг фарсбӕл).