ЦУБУРДЗУРДÆЙ…
– Аци анз бундорон цалцæггæнæн куститæ цæудзæнæнцæ республики 44 скъолайеми, уонæй 11 – Дзæуæгигъæуи, 33 ба – районти. Аци скъолатæй нæудæсеми еци куститæ гъæуама фæууонцæ 1 ноябрьмæ. Иннетими ба кустити фиццаг кезу фæууодзæнæй 1 сентябрьмæ, кæрæй-кæронмæ ба цæттæ уодзæнæнцæ 2023 анзи октябрьмæ. Цæмæй скъоладзаутæ сæхе скъолати сæ ахури нæуæг анз аккаг уавæрти райдайуонцæ уой туххæй арæзт æрцæудзæнæй аккаг уавæртæ.
Аци бæнтти Цæгат Иристони поликлиникитæ ефтонг цæунцæ 14 нæуæг медицинон техникæй. Уони номхигъди æнцæ: ультразвуки диагностики аппараттæ, офтальмологон тонометртæ, эндоскопти дезинфекций фæрæзнитæ æма æндæртæ. Аци анзи дæргъи республики поликлиникитæмæ лæвæрд æрцæудзæнæй нæуæг медицинон техники 54 фæрæзни. Уой туххæй дехгонд æрцудæй 370 миллион соми.
Зундгонд куд æй, уотемæй 10-11 сентябри рацæудзæнæнцæ æвзурститæ. Уой фæдбæл нæ республики, куд нисангонд цæуй, уотемæй байгон уодзæнæй 335 æвзарæн участокки æма 10 территориалон къамиси, уой хæццæ ба ма 19 рæстæгмæ æвзарæн участокки, нæ республики рæстæгмæ ка ‘й, уонæн: еу – слестгæнæн изолятори, 17 – медицинон косæндæнтти, еу – æфсæддон хаййи. Нæ республики æвзаргути бæрцæ 1 июльмæ иссæй 515774 адæймаги.