ЦУБУРДЗУРДÆЙ…
– Зундгонд куд æй, уотемæй Уæрæсей Президент Владимир Путини Указæй нисангонд æрцудæй кадгин ном «Мадæ-Бæгъатæр». Æма ‘й аккаг кæндзæнæнцæ, тæккæ минкъийдæр дæс сувæллони кæмæн исæнтæстæй æма сæ ка исгъомбæл кодта, еци мадтæлтæн. Сæрмагонд хуæрзеуæги хæццæ ма син лæвæрд цæудзæнæй миллион соми. Аци ном цитгийнаг уодзæнæй иннæ кадгин нæмттæ – «Уæрæсей Федераций Бæгъатæр» æма «Уæрæсе Федераций фæллойни Бæгъатæр»-и – æмбæрцæ. Цæгат Иристони цæрæг силгоймæгтæй еци ном нерæнгæ бал лæвæрд æрцæудзæнæй дууадæс æма инсæйемæн.
Национ проект «Ахурадæ»-йи ахсгиаг хæйттæй еу æй федералон программæ «Нуриккон скъола». Уой фæрци гъæутæ æма минкъий сахарти ахургæнæндæнтти игонгонд цæунцæ æрдзон-наукон æма технологон къабæзти ахуради Центртæ. Цæгат Иристони аци анз гъæуама игонгонд æрцæуа 22 уæхæн Центри – фæйнæ æртæ – Алагири, Æрæдони, Ирæфи æма Рахесфарси районти, фæйнæ дууæ – Горæтгæрон æма Дигори районти, æхсæз ба – Мæздæги райони. Æрæги «Ирæзти тæлмæ»-йи 16 центри сæ дуæрттæ байгон кодтонцæ скъоладзаутæн.
Республики туризми Комитети бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, июнь-июли Цæгат Иристонмæ æрбацудæй 438,3 мин бæлццони. Уонæй 214,2 мини адтæнцæ туристтæ, 224 мин адæймаги, еу бони æмгъудæй экскурсий ка ‘рбацудæй, уæхæнттæ. Фари хæццæ рабаргæй, е фулдæр æй, уæд нæмæ ‘рбацудæй 295,6 мин адæймаги, уонæй экскурсий æрбацæугутæ адтæнцæ 121,2 мин адæймаги. Туристтæ ба – 169,5 мин адæймагти. Бæрæггæнæнти нимад æрцудæнцæ Цæцæнæй, Мæхъæлæй, Дагестанæй æма Гурдзий паддзахадон арæнти сæрти цæуæг адæм.