21 декабря 2024

ЦУБУРДЗУРДÆЙ…

19.05.2022 | 16:34

Олег БЫКАДОРОВ, республики экономикон ирæзти министри фиццаг хуæдæййевæг:

– Цæгат Иристони нисанмæарæзт регионалон инвестицион программи уагæвæрдтæ æнхæст кæнунæн рагагъоммæ федаргонд фæткæмæ гæсгæ 2022 анзи нæ республикæн дехгонд æрцæудзæнæй 396,4 миллион соми, 2023 анзи – 800 æма 2024 анзи – 713 миллион соми. Еци программæмæ гæсгæ цалцæггонд æма арæзт цæудзæнæнцæ ахсгиаг социалон æма
коммуналон объекттæ.

 

 

 

 

 

 


Мæскуй А. Бакулеви номбæл зæрди æма тогдадзинтти хирургий национ медицинон æртасæн центри специалисттæ 250 цæгатиристойнагемæн (се ’хсæн 200 – сувæллæнттæ) сæ амунддзийнæдтæй фæййагъаз кодтонцæ..
– Цæгат Иристони цуппæрæймаг хатт ан. Сувæллæнтти клиникон сæйгæдони косунцæ дæсни медиктæ. Иристони уогæй нæмæ агъазгор ка æрбацæуй, еци адæмæй дæс проценти равзарæн нæ центри син бæлвурд операцитæ искæнунæн. Амæй фæстæмæ дæр ардæмæ æнæмæнгæ æрбацæудзинан, – зæгъуй амунд центри директори хуæдæййевæг, профессор Константин Шаталов.
Адæми æнæнездзийнадæ фæннивæбæл кæнуни фæдбæл программæ исæнхæст кæнунæн, æмгуст кæнунбæл æрæги сæ фембæлди рæстæг бадзубанди кодтонцæ Цæгат Иристони Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис æма Константин Шаталов.
Рæхги ба, 28 майи республикон онкологон диспансери арæзт æрцæудзæнæй сæрмагонд акци, кæций рæстæги фембæлæн уодзæнæй уæрæсейаг раззагдæр специалистти хæццæ. Уой туххæй рагацау хе ниффинсун гъæуй. Хабæрттæ бæлвурддæр базонунæн бадзорун гъæуй мæнæ ауæхæн телефонмæ: 8-985-791-49-44, сæуми 10 сахаттемæй ба 17 сахаттей уæнгæ.