20 апреля 2024

ЦУБУРДЗУРДÆЙ…

30.06.2022 | 17:53

– Æрæги Санкт-Петербурги ци Æхсæнадæмон экономикон форум райевгъудæй, уоми Цæгат Иристонæн адтæй сæрмагонд стенд. Уой фæрци форуми архайгутæ базонгæ æнцæ нæ республики равгитæ æма гæнæнти, инвестортæн зæрдæмæдзæугæ нисанти хæццæ. Зæгъæн, проект «Мамисон»-и хæццæ инвесортæ цæттæ ’нцæ нæ хæццæ туристон фарстатæ æнхæст кæнунмæ: проекттæ «Аланий парк», «Дигоргом æма Къæхтисæр».

 

 


Дигоргоммæ цæуæг бæлццæнттæн сæ над æнæмæнгæ Æхсæрисæрбæл фæууй. Раздæр гъæуи астæути, нур ба æ еувæрсти. Фал уæддæр æ бакаст гъæуама федауцæ уа.

– Уæхæн уагæй мæ райгурæн гъæу исаййев кæнун мæ рагæй фæндадтæй. Фæрæзнитæ мæмæ ку фæззиндтæй, уæд еугур гъæугæ дзаумæуттæ дæр балхæдтон æма кустмæ бавналдтон. Ме ’мгустгæнгутæ æма гъæуи фæсевæд мин устур агъаз бакодтонцæ. Зæрдæмæгъаргæ æмдзæвгæ «Æхсæрисæр» ниффинсæг поэт Колити Витали дæр мæ фæндæбæл исарази æй. Колий-фуртæн – арфæ кæнун, – зæгъуй амунд гъуддаг банхæстгæнæг æхсæрисæрккаг Дзидзойти Тасолтан.

Æма еци фæндæ исæнхæст кæнунбæл зæрдиагæй байархайдта е ’мгъудигæнгути хæццæ: гъæумæ бацæуæн аййевгонд æрцудæй æма си æвæрд ес устур рæсугъд дамугъатæй финст гъæуи ном, æ фарсмæ хецæн фæйнæггондбæл ба Æхсæрисæрæй рацæуæг зундгонд поэт Колити Виталийи финст æмдзæвгæ, æ райгурæн гъæуи туххæй.

Дзидзой-фурт æма æ æмархайгути зæрди ес гъæуи фæлгонцадæ аййевдæр кæнунбæл архайун.