24 апреля 2024

ЦУППАРИНСӔЙ АНЗЕЙ РАЗМӔ РАЙДӔДТА УСТУР ФИДИБӔСТОН ТУГЪД

13.07.2021 | 17:05

Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг Ӕрӕдони алфамбулай немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгути нихмӕ тугъдтити советон ӕфсӕддонтӕй ка фӕммард ӕй, уони аци сахари байвардтонцӕ Ӕнсувӕрон цирти – фиццаг си ке байвардтонцӕ, етӕ адтӕнцӕ 495 тугъдони, фӕстӕдӕр ма си ке байвардтонцӕ, уони хӕццӕ ба сӕ нимӕдзӕ ӕдеугурӕй иссӕй 1497 адӕймаги. Ка ‘нцӕ, е дӕр бӕрӕггонд ӕрцудӕй. Сӕ номерӕнӕн син ниввардтонцӕ мемориалон циртдзӕвӕн.