ЦÆРÆД ÆМА ИРÆЗÆД НÆ МАДДÆЛОН ÆВЗАГ
Æзинæ, 15 майи бæрæггонд цудæй нæ маддæлон æвзаг æма литератури Бон. Уой фæдбæл Цæгат Иристони цæргутæн зæрдиагæй райарфæ кодта нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æма æ арфи нистауæни уотæ баханхæ кодта: «Махæн нæ маддæлон æвзаг айдагъ дзубандий фæрæзнæ нæй. Е æй имисуйнади, истори, дуйне лæдæрундзийнади, фæлтæрти ’хсæн бастдзийнадæ. Е æй нæ адæми уод, нæ культурæ, традицитæ æма уодигъæдæ.
Æвзаг адæмæн æй æ культурон бундор, æ истори. Æнæ уомæй нацийæн нæййес хе цæсгон, исонибон. Махæн не ’взаг нæ фидтæлтæй байзадæй устур хæзнай хузæн æма ’й гъæуй гъæуай кæнун. Хæдзари маддæлон æвзагбæл дзубанди ку нæ игъуса, уæд цийфæнди закъонтæ ку исфедар кæнæн, уæддæр маддæлон æвзаг уомæй нæ фæхъхъаурæгиндæр уодзæнæй.
Уомæ гæсгæ ба мæ фæндуй, цæмæй алли хæдзари, алли кусти бунати дæр алкæддæр изæла маддæлон æвзаг, кæстæртæ дзоронцæ маддæлон æвзагбæл æма нæ маддæлон дзурди фарнæ изолдæр хæссонцæ…»
* * *
Цæгат Иристони дзиллæн нæ маддæлон æвзаги æма литератури Бони фæдбæл зæрдиагæй райарфæ кодта нæ республики Парламенти сæрдар Тускъати Таймораз дæр. Æма æ арфи нистауæни уотæ баханхæ кодта: «Нæ бæсти цæрæг еугур адæмти маддæлон æвзæгтæ гъæуай кæнун ке гъæуй, Уæрæсей Адæмти еудзийнади анзи дзамани уой сæрмагондæй бафеппайун гъæуй. Æности дæргъи аллихузон культуритæ нимад адтæнцæ бæсти айдагъ сæйраг хæзнатæбæл нæ, фал еугур адæмти ’хсæн еудзийнади, федуд æма æмзæрдæдзийнади бундорбæл дæр.
Мæ хъазар æмзæнхонтæ! Нæ национ бæрæгбони хуарзæнхæ уæ уæд! Махæй алкедæр гъæуама лæдæра, нæ адæми историмæ барæ ке даруй æма нæмæ нæ адæми исонибони фæдбæл бæрнондзийнадæ ке хауй, уой, æма аци бæрæгбон нин нæ еци табуйаг ихæс нæ зæрдæбæл никкидæр ма еума хатт куд æрлæуун кæна. Уадзæ æма нæ хæдзæртти еудадзуг изæла маддæлон æвзаг, догтæ æма фæлтæрти ’хсæн бастдзийнадæ куд нæ фесæфа, уотæ!