ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ!..
Еу зӕронд лӕг аразта фӕткъу бӕлӕстӕ. Адӕм ибӕл дестӕ кодтонцӕ.
– Цӕмӕн дӕ гъӕунцӕ еци бӕлӕстӕ?.. Ци ма си фӕууиндзӕнӕ?.. Сӕ рӕзӕй ма син фегъӕстӕ уодзӕнӕ? – дзорунцӕ имӕ аллирдигӕй.
– Ӕз си ку нӕбал фегъӕстӕ уон, уӕддӕр сӕ хуӕрӕг уодзӕнӕй ӕма ми боз уодзӕнӕнцӕ, – загъта син зӕронд лӕг.
Аци, Рӕстибараггени хузӕн зӕронд лӕги уодигъӕдӕй уӕддӕр еу къӕрт куд нӕ фӕззиннуй нӕ нуриккон хецауеуӕггӕнгути рахасти! Адӕми цардиуаги хуарзбӕл архайунӕй комкоммӕ ихӕсгин ка ‘й, сауӕнгӕ уонӕн дӕр сӕ мӕтӕ ӕй айдагъдӕр сӕхе ӕма сӕ цӕуӕти алцӕмӕй гъӕздуг исонибонбӕл архайун. Сӕ фурзудӕй ба син бафсес нӕййес. Стъараполи крайи нӕдтӕбӕл цӕуни ӕдасдзийнади управлений хецау Алексей Сафонови кой фегъустайайтӕ – ӕ паддзахон галауанти сауӕнгӕ пусойнитӕ дӕр сугъзӕрийнӕй фӕлустгонд. Уӕхӕнттӕ цийфӕнди устур улупай фӕрци дӕр неци хузи исаразӕн ес…
Нӕкӕси, номдзуд полярон ӕсгарӕг Дмитрий Папанин, паддзахадӕ ин ци зӕнхи хай радех кодта, уоми исаразта, уӕди рӕстӕги дессаг ка зиндтӕй, уӕхӕн хӕдзарӕ (уогӕ е нури бонгинти галауанти рази мӕгургӕс къӕси хузи зиннуй). Растауни зӕрдтӕй уордӕмӕ фӕххудта Сталини. Е дӕр си ӕрзилдӕй, уӕдта загъта: «Сувӕллӕнтти рӕвдауӕндонӕн заманай ӕй…» Бӕргӕ нур дӕр уотӕ конд ку цӕуидӕ – фӕливд миутӕй ка рабонгин ӕй, уони агъазиау галауантӕ адӕми социалон гъӕундзийнӕдтӕн есун…
Денис ДРАГУНСКИЙ, финсӕг: «Нӕ паддзахади абониккон цардарӕзтмӕ кӕсгӕй, хъӕбӕр ӕнцонӕй рартасӕн, Советон Цӕдесӕй ке хецӕн кӕнӕн, куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй еу бундорон гъуддагӕй – нециуавӕр нисан нӕмӕ ес…»
Куд нециуавӕр нисан нӕмӕ ес? Ӕгӕрдӕр ма нӕмӕ ес. Не ‘хсӕнадӕ дууӕ дехи фӕцӕй. Ӕ еу, бустӕги минкъийдӕр хайӕн ӕ нисан ӕй – еугурадӕмон есбонадӕн фӕндӕ кӕнуни бартӕ ӕнӕгъӕнӕйдӕр сӕхемӕ райсгӕй ибӕл ӕнӕфсӕрмийӕй хӕлӕф кӕнун. Иннӕ хаййи хумӕтӕг адӕмӕн сӕ фулдӕремӕн ба сӕ нисан ӕй, ӕнай-ӕнойти ка рабонгин ӕй, ӕма алци ке къохти бацӕй, уони фудӕй абони ци ӕгудзӕг уавӕрти ‘нцӕ, уонӕми уӕддӕр ести мадзӕлттӕй ервӕзун.
Александр ПРОХАНОВ, финсӕг: «Адӕм гъӕуама фӕллойнӕ кӕнонцӕ. Гъо, зин син уодзӕнӕй, еугур хъиамӕтгӕнгутӕн ӕма уӕззау уаргъхӕсгутӕн куд зин фӕууй, уотӕ…»
Адӕмӕн ӕгириддӕр зин нӕй фӕллойнӕ кӕнун. Зин син е ӕй, ӕма сӕ фӕллойни бӕркӕдтӕ ке баунцӕ еугай, куд фӕззӕгъунцӕ, уазал дони е ‘нгулдзӕ дӕр ка нӕ ниттулдта, еци уӕлбекъон хамасхуарти амӕттаг. Е куд ӕй, кӕд ӕма берӕ, махӕй гъӕздугдӕр паддзахӕдти доллӕрон миллиардерти къохти ес медбӕстон ӕмткӕй продуктти 12-18%, уӕд Уӕрӕсей ба 35% – анз ӕма ӕрдӕги федералон бюджети бӕрцӕ! Уотемӕй ба нӕмӕ мизди бӕрцӕ ба ӕй 27 мин соми ӕма минкъийдӕр. Ӕма, дан, бухсетӕ…
Айсен НИКОЛАЕВ, Якутий Сӕргълӕууӕг – зундгонд актер Леонардо Ди Каприой туххӕй: «Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн нин уодзӕнӕй, ку нӕмӕ фӕззинна ӕма нин ку фӕййагъаз кӕна. Уогӕ ‘й нӕ лӕдӕрун, Голливуди бадгӕй нин ци исараздзӕнӕй якутаг гъӕдти зингисервӕзтитӕ хуссун кӕнунӕн…»
Ди Каприой (аци артист гъазта лайнер «Титаник»-и ниннихъулди туххӕй кинониви сӕйраг хъайтартӕй еуей роли – Ред.) агорун гъӕуй, ӕвӕдзи, донбӕлцӕугӕ транспорт ӕнӕнгъӕлти цаути фӕдбӕл. Якутий зингисервӕзтити ба региони разамунд ӕхуӕдӕг гъӕуама фезмӕла. Сӕхуӕдтӕ гъӕугӕ хузи ци гъуддӕгутӕ гъӕуама райаразонцӕ, уонӕбӕл архайуни бӕсти ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, ӕгириддӕр кӕмӕй неци пайда ес ӕма арӕхсгӕ дӕр ка не ‘скӕндзӕнӕй, уӕхӕн «зундгонд» адӕймӕгутӕмӕ.