22 декабря 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ!..

28.05.2022 | 15:38

Еу ацъагъуæгин лæг, дан, базаргæнæги хæццæ бадзубанди кодта, гъома, арсдзар дин исамал кæндзæнæн. Е дæр исарази ‘й, æма уæд еци лæг еу хуарз цауæйнонæн балигъстæ кодта, арс рамарунмæ мин фæййагъаз кæнæ, зæгъгæ.

Рандæнцæ гъæдæмæ æма еу рауæн арсбæл исцурæвæрæ ‘нцæ. Цауæйнон æй фехста, фал сирд цæф дæр нæ фæцæй æма сæбæл фæрраст æй. Уæйæгæнæг лæг бæласæмæ исгæпп кодта, цауæйнон ба зæнхæбæл райзадæй, æма ‘й арс саунæд фæккодта. Уой фæсте имæ басмуститæ кодта, уæдта рандæ ‘й. Уæд иннæ лæг бæласæй æрбурдæй æма е ’мбали фæрсуй:

– Арс ма дин дæ гъоси цитæ дзурдта?

– Е мин уотæ загъта, цалинмæ, дан, арс нæ рамарай, уæдмæ ин æ цар ма уæйæ кæнæ!

***

Нæ абони цардиуаги гъуддæгутæбæл дзуапдæттæг бараггентæ дæр гъе уотæ хъæбæр тæлаф-тулуфæй ниддæлæлæй кæнунцæ, атитæ-уотитæ ракæндзинан, зæгъгæ, фал зæрдитæ ци агъазиау гъуддæгутæй райвæрунцæ, уонæй фулдæр хæттити неци рауайуй. Зæгъæн: Дзæуæгигъæуи бæрæгастæу кинотеатр «Октябрь»-и федауцæ азгъунст уæхæн дзæнгæда цæгъдгутæ фехалдтонцæ, нуриккон концертон центр си араздзинан, зæгъгæ, рæуонæй. Нур æй уинетæ: центр дæр арæзт не ’рцудæй, кинотеатри азгъунст дæр нæбал æй. Сæ бæсти – цидæр игон фæзæ…

 

 Валентинæ МАТВИЕНКО, Федераций Совети сæрдар: «Сауæнгæ зæгæлтæ дæр нæмæ фæсарæнтæй ласт æнцæ… Е куд æй, уойбæрцæ æфсæйнаг уадзæн, уотемæй ба зæгæлтæ кæнун нæ бон нæй?..»

Зæгæлтæ нæмæ æгæр берæ дæр ма ес. Фал бæрзондтехнологон арæзтади аккаг ба нæ ’нцæ – уайтæккæдæр рамбуйунцæ, изгæхуæрд фæуунцæ. Уæдта – Федераций Совети ка бадуй, уонæн сæ фулдæрей фудæй нæ фидибæстон промышленность уæхæн зæууатмæ æрхаудтæй, æма сауæнгæ алли листæг дзаумæуттæ дæр фæсарæнтæй ласæн. Уотæ нæ Фидибæстæн нæ, фал кæцидæр бараггентæн пайдадæр æй…

 

Никитæ СТАСИШИН, Уæрæсей Федераций арæзтади æма цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради министри хуæдæййевæг: æрæги кустадон балций Узбекистани уогæй, еума хатт бабæй æстауæн дзубандитæ ракодта импортæй нæ бæсти æнæгъæнæй дæр хуæдбарæдзийнадæй…

Æстауæн дзубандитæ кæнун æнцон æй. Фал дæхе ходæги уавæри ку не ‘вæрай, уæд. Аци чиновник Узбекистани адтæй… Уоми лифтаразæн заводи продукцимæ æркæсунмæ. Махмæ Уæрæсей ци лифтитæ аразунцæ, етæ кæд уæрæсейагбæл нимад æнцæ, уæддæр сæ аразунцæ фæсарæйнаг хæйттæй. Æма нин сæ уордигæй ку нæбал дæттонцæ?.. Уотæ иннæ къабæзти дæр. Е ба дин… «хуæдбарæдзийнадæ».

 

Михаил ШЕРЕМЕТ, Паддзахадон Думи депутат: «Мах гъæуама цæттæ уæн алцæмæ дæр, æма хуæздæр уидæ нæ адæми цийфæнди тасдзийнæдтæй багъæуай кæнуни туххæй гъæугæ мадзæлттæ рагацау аразунмæ…»

Бæргæ хуæздæр уидæ… Фал куд уинæн, уотемæй уоййасæбæл дессагæй нерæнгæ нецима арæзт цæуй адæми цардиуагæ фæххуæздæр кæнуни фæдбæл. Е дин æнæмæнгæ гъæугæ товарти æма аллихузон лæггæдти æргъти æрра ирæзт, е дин пенсити кадавардзийнадæ, е дин… Уогæ сæ нимад ка фæууодзæнæй адæми гъигæдарæг фарстатæ… Æма депутати загъд «хуæздæр уидæ», арс нæ рамаргæй ин æ цар уæйæгæнæг лæги фæнди хузæн æй…