05 ноября 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ!..

10.06.2022 | 16:34

Кæддæр, дан, æртæ æнсувæри, балций уогæй, исцурæвæрæ ’нцæ еу арф къагъдбæл. Уоми ба бадтæй Амонд.

Æнсувæртæй еу æрлæудтæй къагъди билæбæл æма Амондæй ракурдта æхца. Амонд æй берæ æхцатæй ку фæххайгин кодта, уæд амондгунæй рандæй.

Иннæ æнсувæр ракурдта рæсугъд силгоймаг. Уой курдиадæ дæр исæнхæст кодта æма æ фурамондгунæй æ рæсугъд силгоймаги хæццæ фæддунд æй.

Уæдмæ æртиккаг æнсувæр дæр никкастæй къагъдмæ.

– Ци дæ гъæуй? – фæрсуй æй Амонд.

– Æма дæу ба ци гъæуй? – бафарста æй лæхъуæн.

– Ардигæй мæ ку исесисæ, – ракурдта си Амонд.

Лæхъуæн имæ æ къох ниддæлæмæ кодта, исласта Амонди еци къагъдæй, æма уотемæй рараст æй идарддæр æ надбæл…

Амонд дæр æ фæдбæл ранæхстæр æй…

***

Аци таурæхъ раст цума Уæрæсей дзилли карни фæдбæл æй. Амонди сæрбæлтау бахъиамæт кæнунæй æхецæн æгириддæр ка нæ базин кодта, етæ си æгæрдæр ма фæххайгин æнцæ цардиуаги еугур хуарздзийнæдтæй дæр: æхцатæ – мулкитæй, сæ уодтæн хеерхæфсæнтæй… Хумæтæг, рæстзæрдæй амонди сæрбæлтау ка хъиамæт кодта æма кæнуй, етæ си – фудевгед. Кæд æма амонд фудрауæнти ку бахауй, уæд æй уомæй етæ кæд иссæребарæ кæнунцæ, уæддæр, еци æртиккаг æнсувæри хузæн, сæ фæдбæл нæ ранхæстæр уй арфиагæй, фал сæбæл фæцъцъерф кæнуй æма æнаккæгти ‘хсæн исмедæг уй…

Александр СОЛЖЕНИЦЫН (1918-2008), финсæг: «Нæ адæмæй беретæ раздæри æнæраст гъуддæгутæбæл ку æрфæсмон кæнонцæ, къох сæбæл ку исесонцæ, айдагъдæр гъе уæд искæдзос уодзæнæй уруссаг уæлдæф, уруссаг мæрæ, æма ирæздзæнæй нæуæг национ цард. Мæнгæ, цъумур хуми кæдзос ести æрзайунгæнæн нæййес…»

Æма аци «зундамонæг» Солженицын æхуæдæг е ‘мдзæхдонти хæццæ нин нæ уодварни федауцæ хумтæ сæ мæнгæттæй, сæ цъифгалæнтæй, сæ цъумур æримисгитæй уойбæрцæбæл нихъхъамил кодтонцæ, æма си, æцæгæйдæр, цалинмæ сæ уони «бундайрадæй» не ‘суæгъдæ кæнæн, уæдмæ си кæдзос, нæ æхсæнадæн фарнæхæссæг тиллæгæн сæ исцæттæ уæн нæййес…

 

Михаил ЗАДОРНОВ (1948-2017), финсæг – сатирик: «Газети финститæй: «Нæ колхоз лæудтæй сæрисæфæни тæккæ билæбæл. Райарæзти фæрци ба размæ агъазиау къахдзæф ракодта…»

Æма айдагъ еци колхоз сæрисæфæни билæбæл лæугæй размæ ку ракъахдзæф кодтайдæ! Фал нæ гъомусгин бæстæ æнæгъæнæй дæр!.. Æма кæми равзурдан? Цал æма цал хатти гъе уæхæн сæрисæфæнти – е дин приватизаци, е дин базарадон экономикæ æма æнд. – билæбæл æрлæугæй, агъазиау ампъезтæй размæ рагулф кæнианæ. Хуæздæрмæ бæлгæй алли фидбилизти хъилмати исæвдулдан…

 

Василий РОЗАНОВ (1856-1919), философ: «Еунæг адæймаг дæр æстауни аккаг нæй. Алли адæймаг дæр тæрегъæддаг æй…»

Æцæгæйдæр, куд ес растауæн нури хецаудзийнади, ка ’й, уони – паддзахади гъуддæгутæ сæхемæ райсгæй æма уой пайдайæн архайунæй ихæсгин уогæй. Уотемæй ба айдагъдæр сæхе æма сæ хеуæнтти хуæздæрæн æнцæ сæ сагъæстæ. Гъе уой фудæй хумæтæг адæм гъезæмæрттæ кæнунцæ. Æма, æцæгæйдæр, етæ ’нцæ тæрегъæддаг.