ДÆ ЦАРДГЪОНГÆНÆГ – ДÆХУÆДÆГ ÆМА ДÆ НИФС!..
Кæд æма 7 апърел æнæнездзийнади Еугурдуйнеуон бонбæл нимад æй, уæддæр уоййасæбæл парахаттæй ба бæрæггонд нæ фæццæуй. Æма, æвæдзи, е раст æй, уомæн æма æнæнездзийнади хæццæ баст фарстатæ еу бони мадзæлттæй лухгонд не ’рцæудзæнæнцæ. Етæ аразгæ ’нцæ алли бон дæр, берæ аллихузон фæрæзнити фæрци. Уонæн сæ сæйрагдæрти æмбæрцæ ба агъазиау æй адæймагæн æхе нифсхастдзийнадæ æма разæнгарддзийнадæ. Зундгонд куд æй, уотемæй аци бон бæрæг кæнунæн нисангонд фæууй æнæнездзийнади ахсгиагдæр фарстатæй кæцидæртæ. Æма еу анзи уæхæн нисанеуæг баст адтæй, медицини депресси, зæгъгæ, ке хонунцæ, еци фарстай хæццæ – гъома, адæймагæн æ нифс ку расæттуй, гъенцъун æма уæззау æнкъарæнти буни ’й ку фæккæнуй, уæхæн зæрдиуаги хæццæ.
Уæхæн уавæр дæр нæдæр еу анзи, нæдæр еу бони фарста нæй – алли фæлтæрæн дæр æй æмбæлццон. Æма уæхæн уавæр æхебæл ка нæ бавзурста, уæхæн адæймаг, æвæдзи, æстæн разиндзæнæй. Уæззау æнкъарæнтæ психикон æгъдауæй адæймагмæ æвзурун кæнунцæ зиндзийнæдтæ, сæ ахæсти ку бахауй, уæд æ бон нæбал фæууй æ аллибони хумæтæг куститæ хузæнон æма æнæзинæй æнхæст кæнун дæр, ихæлун райдайуй æ рахастдзийнадæ æ зонгитæ æма хеуæнтти хæццæ. Уæхæн зæрдиуагæ æгæр арф ку ниууй æма берæ рæстæг ку рахæссуй, уæд еуæй-еу хатт адæймаги хе марунмæ дæр æркæнуй. Уæззау бæрæггæнæнтæ куд æвдесунцæ, уотемæй, 15-29-анздзуд æригæнттæ ахиддæр цæй фудæй мæлунцæ, еци дууæ анхосагемæй дуккаг бунати ’нцæ хе маруни цаутæ. Уомæ гæсгæ депрессийæй хе багъæуай кæнунæн ес устур ахедундзийнадæ.
Адæймаг мæтъæл æнкъарæнти буни цæмæй ма фæууа, уомæн ес цалдæр хумæтæг, фал бæлвурд уагæвæрди. Уони фæдбæл æй нæ абони дзубанди.
Фиццагидæр – рохсбæл æхцул уотæ.
Ахургæндтæ куд бафеппайдтонцæ, уотемæй адæймаг гъенцъун кæнун райдайуй, уæззау æнкъарæни ахæсти бахауй, анзи афæнттæ кæрæдзей ку феййевунцæ, уæхæн рæстæг, уæлдайдæр ба фæззæги, бон цубур кæнун ку райдайуй, уæд. Ахургæндти гъудимæ гæсгæ, рохс ахедуй адæймагæн æ психикон уавæрбæл, дæттуй ин циуавæрдæр хъаурæ. Уомæ гæсгæ рохсæй хе фулдæр хайгин кæнун гъæуй. Талингæ хуарз æй айдагъдæр фунæй кæнунæн кенæ ба, адæймаги цæмæдæр гæсгæ æрхун кæнун ку ’рфæндуй, уæхæн афони. Уæ цæстæ даретæ, цæмæй кусти бунати дæр, цæрæн хæдзари фулдæр уа рохс. Кусти рæстæг рæфтад кæнуни афони зийнадæ ма кæнетæ æрдзон рауæни уозер кæнунмæ. Фæлладуадзæн бæнтти ба кæдзос уæлдæфи рауæнти æрвететæ никки фулдæр рæстæг. Адæймаги организм хори рохс хъæбæр агоруй, æма ’й уæхецæн ма ’вгъау кæнетæ.
Дуккаг – уæ хуæрдæ пайдахæссæг куд уа. Адæймаг гъенцъун, мæтъæл кæнун райдæдта, зæгъгæ, уæд гъæуама исахуада ести хуæрзадæ æма пайдахæссæг хуæруйнаг. Организм гъæуагæ раййафуй гъарæй, уомæ гæсгæ ба агоруй фулдæр калоритæ. Æгæр берæ хуæрдæ дæр нæ бæззуй, фал уæхе еуминкъий фæххинцетæ, уæ зæрдæ ци хуæруйнаг зæгъуй, уомæй. Иронхи ма уæнтæ рæзæ, халсартæ æма кальций, магний æма æндæр гъаугæ бауæргъæдтæй гъæздуг продукттæ дæр, уæдта витаминтæ А æма С. Æнгъезуй пайда кæнун афтекти уæййаг витаминтæй дæр.
Æртиккаг – фулдæр æзмæлун. Æзмæлгæй тогмæ хъæртунцæ уæлдай ахсгиагдæр бауæргъæдтæ – эндорфинтæ. Дохтиртæ сæ хонунцæ «амонди» бауæргъæдтæ. Æма е хумæтæги нæй. Зийнадæгæнагæ адæймаг аци бауæргъæдæй гъæуагæ фæууй, сæумæраги еу цалдæр минуттей дæргъи балæвар кæндзæнæй хуарз зæрдиуагæ, æма уин е фагæ уодзæнæй æнæгъæнæ бони дæргъи дæр. Бони дæргъи дæр фулдæр æзмæлунбæл архайетæ, архайетæ спортæй, уозер кæнетæ. Физкультурæ æма спортæй æнæмæнгæ архайун гъæуй алли бон дæр. Ахсгиаг æй, цæмæй еци архайдæй адæймаг арази уа æхуæдæг. Уæд организм «амонди» бауæргъæдтæй уодзæнæй æфсес, æхуæдæг ба – æнæнез æма рæсугъд.
Цуппæрæймаг – цæрдæг æма иуонгрæуæгдзийнадæ. Адæймаг æнæхъаурæ ку исуй, уæд организмæн фæййагъаз кæндзæнæнцæ кæрдæги цайтæ, бальзамтæ, уæгъæлий фунхдон æма æндæртæ. Кадæртæ пайда кæнунцæ цай æма къофийæй. Етæ дæр хъаурæ дæттунцæ, фал си берæ пайда нæййес. «Амонди» бауæргъæдтæмæ хауæг серотонин организми цæмæй фæззинна, уомæн хуарз æй шоколад. Адæймаги исгъар кæндзæнæй имбирь.
Фæндзæймаг – рæсугъддзийнадæ. Архайетæ уобæл, цæмæй уæ алфамбулай алцидæр уа аййев – æрдзæ, фадуæттæ, адæм. Уæ кусти бунат, уе стъол гъæуама уа æфснайд, дзаумæуттæ гъæуама уонцæ рæсугъд æма цийнæдзийнадæ хæссæг. Ахиддæр цотæ музейтæмæ, равдиститæмæ, игъосетæ æхцæуæн æнкъарæнтæ хæссæг музыкæмæ. Уазал рæстæг фулдæр пайда кæнетæ сурх хуарæнтæй. Бор æма борбун хузтæ дæттунцæ хъаурæ. Цъæх хузæ адæймаги кæнуй сабур, аразуй ин зæрдæмæдзæугæ, æнцонфадуат уавæртæ.
Æхсæзæймаг – бастдзийнадæ. Уæ рахастдзийнæдтæ æнгондæр кæнетæ æма уæхе ахиддæр бæттетæ уæ хеуæнтти æма хæстæгути, зонгити хæццæ, æхцæуæн уин ка й, уæхæн адæймæгути хæццæ.
Æвдæймаг – исонибонмæ кæнетæ нисантæ. Исонибонмæ фæндитæ æма нисантæ кæнун æй хуарз. Уæхе цæмæй ерхæфсдзинайтæ, зæрдæн æхцæуæндзийнадæ хæссæг уæхæн монцтæбæл рагацау гъуди кæнетæ, æвзаретæ уæхецæн уæледарæс, хе рæсугъдгæнæн дзаумæуттæ. Уæхе рæвдауетæ, адæймаги кæми исрæсугъд кæнунцæ, уæхæн сауæдæнттæмæ цæунæй, нæуæг дзаумæуттæ æлхæнунæй, иуазæгуати цæунæй, спортæй архайунæй. Рагацау ке исфæндæ кодтайтæ æма æнгъæлмæ кæмæ кæсдзинайтæ, еци нисантæ алкæддæр кæ къохи æфтуйæнтæ!..
Медицинон профилактики республикон центр