ДÆ ХУÆРЗГÆНÆГÆН УО РÆСТМÆ АРГЪ КÆНУНГЪОН
Аци мæйи нисанеуæггиндæр цаутæн сæ ахсгиагдæр е æй, æма 5 июли бæрæггонд цæудзæнæй Цæгат Иристони профцæдесон æзмæлди райарæзти Бон. Уой фæдбæл, ка ‘й зонуй, уоййасæбæл агъазиау мадзæлттæ арæзт ку не ‘рцæуа, уæддæр ни алкæмæн дæр æй берæ цæмæйдæртæй зæрдтагон бæрæгбон. Уой æ бæрæгбони арфи нистауæни баханхæ кодта культури косгути Еумæйагуæрæсеуон профцæдеси Цæгат Иристони республикон организаций сæрдар Годжити Еленæ дæр. Æ загъд æй:
– Райдайæн профцæдесон организаций сæрдар ун абони хъæбæр вазуггин æма бæрнон гъуддаг æй. Уой нимайгæй, федарæй мæ бон æй уотæ зæгъун, æма нæ раздзæугутæ ‘нцæ хъæбæр фæлмæнзæрдæ, зæрдæмæесагæ, рæстаг, æндиуд адæймæгутæ, искурдиадæгин æма арæхстгин разамонгутæ. Сæхецæн неци хуæрзагадæ агоргæй, уодуæлдайæй ка хъиамæт кæнуй сæ коллективти фарни сæрбæлтау.
Зæрдиагæй комкоммæ арфæ кæнун нæ разæнгардæй архайгутæй алкæмæн дæр, нæ сæйраг нисантæбæл уæ еузæрдиуондзийнади æма нæ еумæйаг гъуддагбæл æновуддзийнади туххæй, уæдта уой туххæй дæр, æма уæ уарзон коллективти цардиуагон гъуддæгути сæрбæлтау ке не ‘вгъау кæнетæ уæ рæстæг дæр æма уæ хъауритæ дæр!
Федар æнæнездзийнадæ, нифс æма разæнгарддзийнадæ, устур æнтæстдзийнæдтæ уæ профессионалон архайди, сабурдзийнадæ, дзæбæхдзийнадæ æма фæрнугдзийнадæ уин зæгъуй мæ зæрдæ.
Уадзæ æма уæ царди алли бон дæр идзагæй-идзагдæр уа зæрдрохс гъуддæгутæй æма нæуæг æнтæстдзийнæдтæй!..
* * *
Годжити Елени аци арфитæмæ мах дæр æфтауæн нæхе арфитæ – уомæн æма мах дæр, республикон газет «Дигорæ»-йи косгутæ дæр, профцæдеси иуонгтæ ан. Зонæн æй, нури рæстæги берæ цæмæйдæрти кадавар рæстæгути профцæдестæн фæллойнæгæнгути цардиуаги уавæртæ зæрдæмæдзæугæдæр кæнунбæл архайди сæ гæнæнтæ æма равгитæ нæ фагæ кæнунцæ, берæ цæмæйдæрти хъоргонд цæунцæ. Фал уæддæр, сæ бон ци æй, уомæй ба архайунцæ сæ комкоммæ ихæстæ уæддæр æнхæст кæнунбæл. Æма си уомæй гъæуама арфиаг уæн – куд фæззæгъунцæ, дæ хуæрзгæнæг дин рæстзæрдæй ци фæууа, уомæй ин уо рæстмæ аргъ кæнунгъон.
ХЕКЪИЛАТИ Маринæ, газет «Дигорæ»-йи райдайæн профцæдесон организаций сæрдар.