ДÆ ИСОНИБОНИ ПЕНСИ – ДÆ АБОНИ МÆТÆ
Адæймагæн æ пенси раст банимайун, иснисан æй кæнун æма ин æ пенсион бартæ балæдæрун кæнунбæл рагацау байархайдта æма гъæугæ мадзæлттæ исаразта Уæрæсей Социалон фонд.
Пенси иснисан кæнунбæл Фонди косгутæ рагацау цæмæй байархайуонцæ, уой туххæй нæ республики цæргутæн нур сæ бон æй, пенсимæ рацæунмæ ма син 1,5-2 анзи ку байзайа, уæд Социалон фонди цæгатиристойнаг хайадæмæ сæ курдиæдти хæццæ бацæун. Сæ хæццæ сæмæ гъæуама уа мæнæ ауæхæн гæгъæдитæ:
– паспорт, кенæ æ граждайнадæбæл бæлвурдгæнæг æндæр æвдесæндар;
– æ кусти æнзти бæрцæ æвдесæг документ (фæллойнадон киунугæ, æфсæддон билет æма, æнæмæнгæ, пенсион фæдзæхстади къабази нисангонд цалинмæ не ’рцудæй, уомæй размæ дæр ке куста, уой æвдесæг æндæр уæхæн гæгъæдитæ);
– кæд æ муггаг, ном, фиди ном раййивта, уæд уой бæлвурдгæнæг гæгъæди;
– ахуради туххæй диплом;
– æ бийнонтæй, кустгъон ка нæй, уæхæн даруйнаг ин кæд ес, уæд уой æвдесæг гæгъæди;
– сувæллæнтти райгурди туххæй æвдесæндар;
– циуавæр хузи пенси ин нисан кæндзæнæнцæ, уомæ гæсгæ гъуддаг ма ке домуй, æндæр уæхæн гæгъæдитæ.
Фæдзæхстадон пенсимæ 2026 анзи рацæуни барæ уодзæнæй 1962 анзи игурд нæлгоймæгтæ æма 1967 анзи игурд силгоймæгтæн; 2028 анзи ба – 1963 анзи игурд нæлгоймæгтæ æма 1968 анзи игурд силгоймæгтæн. Еци барæ син цæмæй фæззинна, уой туххæй сæмæ гъæуама уа тæккæ минкъийдæр 15 анзей кусти стаж æма пенсион баллтæ тæккæ минкъийдæр – 30.
Фæллойнадон кусти рæстæг æма адæймаг ци мизд есуй, етæ амунд æнцæ алкæмæн дæр æ сæрмагонд хигъди. Уонæй аразгæ уодзæнæй адæймагæн æ пенсий бæрцæ.
Бæлвурддæр хабæрттæн базонæн ес, уæхæн телефонмæ лæвар бадзоргæй: 8-800-100-00-01 (авдисæрæй цуппæрæни уæнгæ – 9.00-10.00 сахатти уæнгæ, майрæнбони ба – 9.00-16.45 сахаттей уæнгæ).
Уæрæсей Федераций Социалон фонди пресс-службæ