11 апреля 2026

ДАГЕСТАНИ САБИЙТИ ИСИУАЗÆГ КÆНДЗÆНÆЙ ЦÆГАТ ИРИСТОН

11.04.2026 | 17:10

Карз донивулдтити фудæй хуæрзæрæги Дагестани берæ рауæнти цæргутæбæл устур фидбилизтæ ке ’рцудæй, уой фæдбæл зæрдрист фæцæнцæ æндæр рауæнти цæрæг дзиллæ дæр. Аллирдигæй син агъазгонд цæуй.

Уотæ Цæгат Иристонæй дæр. Ардигæй гуманитарон агъаз æрвист цæуй донивулдтитæй багъигæдард рауæнтæмæ. Нæ республики разамунди загъдмæ гæсгæ, цæттæ ан багъæуаги æндæр гъуддæгути дæр сæмæ фæккæсунмæ.

Хаст ма æрцудæй уæхæн унаффæ дæр: донивулдти фудæй кæмидæр скъолати кустæн нуртæккæ гъæугæ хузи райаразæн ке нæма ес, уомæ гæсгæ нæ республикæ исиуазæг кæндзæнæй сæдæ дагестайнаг скъоладзауей. Арæзт син æрцæудзæнæй гъæугæ уавæртæ, цæмæй сæ ахури гъуддаг æнæкъулумпийæй идарддæр хъæртун кæнонцæ. Ахур кæнунæй уæлдай ма син арæзт цæудзæнæй аллихузон фæлладуадзæн æма культурон-спортивон равгитæй пайда кæнунæн уавæртæ.