31 августа 2026

ДИГОРИ ХЪАБАН

29.08.2026 | 16:06

Авд Уæхъæци муггагæй дзурдтонцæ. Раст мæгур цæрæг лæг сæ астæу исæвзурстонцæ – Дигори Хъабан. Авд Уæхъæцей Æстъона йин цæрæнбунатæн равардтонцæ. Нæ фиддæлтæ лæгигъæдæбæл дзорагæ адтæнцæ. Сæ лæгигъæдæ – сæ дуйнемæ гæсгæ. Гъе, Дигори Хъабани уой туххæй равзарунцæ.

Бæрцæлвид байраг, æ тæрнихи – уорс стъæлфæ, æртæ сау уæрей хæтдзæ; æрт’ анзи ’й хуарæй ку исхаста. Алли анз дæр си йеу уæр æвгарста æ уæраги хъанзи бæрæг базонунмæ. Æртиккаг уæр ку нивгарста, уæд йин æ бæрæг базудта: «Мæ бæх копсиуалæ, йе ’нгъуд над нæбал фæссайдзæнæй». Уæд йин саргъи рæвдзæ дæр бакодта. Æ зæрди хæтун æрæфтудæй. Хæтуни размæ уосæ æрхонуй Баделиатæй хъумайагæн.

Æцæг уосæ баагоруй æхе мæгур Дигори муггагæй. Уæд æцæг хæтунмæ ранæхстæр уй афæдзи æнгъудæй Гурдзистонмæ. Дигорæ йин йе ’рцудмæ нивæндтæ кодтонцæ. Æ афæдзи бони æриздахтæй Устур Мæхческæмæ.

Туйгъанти устур Туйгъан, æ фусун йимæ æркодта Дигори Хъабан. Æ копсиуалæн æй æхе тургъи бæхбæттæнæн ниввæруй. Дигори Хъабан медæгмæ бацæуй; æ гъар хуæрдæ, æ гъар ниуæзтæй йин уазал ниуазæн рарветуй.

Туйгъанти устур Туйгъан æ къахи фийтæбæл ниллæууй æ цийнæй: «Мæнæ мин Дигори Хъабан æгайтима мæ ном иссирдта!» Бонмæ уой хæдзари фæббадуй. Сæумæй ранæхстæр уй йе ’гурæн бунатмæ. Æстъонамæ иссæуй. Дигорæ йе ссудмæ æримбурдунцæ. «Бонхуарз» син зæгъуй. «Æгайтима нин дзæбæх æрцудтæ!»

Афæдзи бонмæ ’й некумæбал рауагътонцæ.

Æ афæдзи бон ку æрхъæрттæй, дууæ уорс егари, копсиуали хæтдзæ цауæни рацæуй. Фиддæлти хæзна хъæрæймагæй сæумæй рæфтæмæ сагдзауæн ку кæнуй, рæфтæй изæрмæ тæрхъосдзауæн.

Æ йеу хатти рацуди Туйгъанти æфсинттæ, сæ уостæлтæ, сæ кизгутти хæтдзæ, кæрæдзей бæрæг нæ базонгæй, къæрæзгитæй уомæ кастæнцæ. Сæ уорс изæлуй къабæзтæ уомæ ку тилдтонцæ, мæнмæ рацо, мæнмæ рацо, зæгъгæ.

– Мæ бацуд, æцæг, бунати нæ уодзæнæй!

Æнгъæлдзауæй йимæ байзайунцæ. Æстъонай размæ ку иссæуй, æ бæх æ къах ракъуæруй; æ галеу къохæй æй ниццæвуй.

Дигори æмбурд сауæнги дæр уой æрцуди æнхæст дардтонцæ сæхе. Æ бæхбæл нигъгъазуй. Æ бæхи гурæнтæ – сор къанаутæ.

Хъабардей устур коми н’ адтæнцæ. Хуарз лæги хабар сæмæ цудæй. Æ бæхи лæгигъæдæ дæр æхемæ гæсгæ. Æрбаимææрветунцæ лæваргор: «Дæ бæх нин нæ йеугурей номбæл афæййади раттæ!» «Нæ» син нæ загъта. Равардта син æй. Афæдзи бони æхсæви æмбеси Æстъонай дуар æрбахуастæуй. Æ хъумайаг уоси фурт бацæуй Дигори Хъабанмæ: «Дæ номæй дæ агурдæуй!»

Æ уæлдзар кæрцæ – йе усхъитæбæл, æ дууæ æркъей – æ къæхтæбæл, дуар райгон кæнуй; дæс бæхгини – æ дуармæ. Дигорон «æгасцæуай» син зæгъуй. Æ бæхбæл æ къох тæрнихæй думæги сæрмæ радаруй.

Хъабардей лæвари йибæл фæййидта æвзестæй саргъ, сугъзæринæй æ ном æвард. Медæгмæ сæ бакæнуй. Дигорон цæнхæ-кæрдзинæй сæ байуазæг кæнуй. Сæумæ сæ рарветуй сæ хæдзæрттæмæ æнæ зианæй.

Хæтун æ зæрди ку æрæфтуйуй къуар бони фæсте, Хъабардей бабæрæг кæнон, зæгъгæ.

Хъабардейæн цуппар тегъæбæл цуппар зелæни æркæнуй. Цуппæрæймаг хатт феййафуй Биаслантæн се стур æмбурд, сæ хестæртæ сæ астæу, кæстæртæ сæбæл зилд лæудтæнцæ.

– Йа, ци дессаг æй ани æмбурд!

Басæмæцæуй, се ’мбурди кæронмæ æрлæууй, «æгас цо» зæгъæг йин нæййес. Хестæртæ æй æ бæхи тæрнихæй бафæсмæрунцæ, сæ ковæн дзаума – æвзестини цъæх махсумæ, ковæггаг уомæн раттунцæ. Æ билæ си ниттолуй уæлбæхæй, – йесæг йин æй нæййес. Æрдæгмæ ’й баниуазуй, – йесæг ин æй нæййес. Æд бунтæ ’й баниуазуй. Æ сæрбæл æй æркодта. Æ бæх кæронмæ ракæнуй. Дууердæмæ ’й раздахуй; гириз кæнун æй æнгъалдтонцæ. Æртиккаг хатт æ бæхи къембур рахатуй Дигорæмæ. Ниццæфтæ кæнуй æ бæх; сурдтонцæ Биасланти бæхгин адæм.

Фæстæмæ сæмæ ракастæй, фæдесон си нæ фæййидта. Ирæфи дони æрбахезуй. Дигори зæнхæ иссердта, тас йимæ нæбал адтæй.

Æхсæрисæри лæборæн къотæрмæ ку исхæццæ ’й, уолæвд йин равардта; æвзест йин æ бæхи фæсабæрцæ ниббæттуй, йе ’лвасæнтæ йин балвасуй, дзурд раттуй æ бæхæн: «Ке дин равардтон абони уæнгæ, фæууæнтæ дин хæрам, ду аци æхсæвæ, Дигори хуæздæр æхсæвæр кæмæ уа, уомæ мæ ку нæ бахæссай! Æз дæр дин дзурд дæттун, Нари хестæрæн æ авд фуртемæй сæ хестæри æз рамардтон, уомæ мæ ку бахæссай, уæддæр ке нæ раздæхдзæнæн!»

Æртæ цæфи ’й никкæнуй. Æ тухæй æй рауагъта. Æцæгæй æй Нари хестæрмæ бахæссуй. Æ дзурд нæ басайдта; уæлбæхæй бадзоруй:

– Хæдзаронтæ! Иуазæг уæмæ дзоруй!

Æ фурттæй йимæ йеу ракæсуй. Дуарæй фæстæмæ баздæхуй:

– Нари хестæри фурттæ, уæ ном фесæфæд, саг фæрæтмæ æрцудæй!

Йеугаййæй сæхе рæвдзæ кæнунцæ, сæ фиди зæроид сæ базонуй. Басæфæрсуй:

– Ци кæнтæ? Мæнæн мæ тургъæмæ ка æрбацудæй, кæд мæ фурти марæг æй, мæ хъиамæттæ уин хæран фæууæнтæ, сумах уомæн йести ку кæнайтæ æнæ мæхе дзурд!

Сæ гæрзтæ æривæрунцæ.

Раимæцæунцæ йеумæ; тургъи æмбесмæ ку рахъæртунцæ, æ бæхæй рафестæг уй. «Уе ’хсæвæ хуарз» син зæгъуй. «Æгас цо, нæ хуарз иуазæг!» Сæ кæстæр йин æ бæх райсуй, æ гæрзтæ сæмæ равардта. Медæгмæ бацæуй зæронд фидæ æма зæронд мади размæ, æ гæрзтæ исесуй, фæсдуар сæ байвæруй; дигорон тæфирфæс син ракæнуй.

Зæронд лæг йимæ исдзурдта:

– Хæстæгдæр мæмæ исцо! – Æ къох йимæ раттуй: амонди хæтдзæ хæтæ, зæгъгæ. Зæронд уосæ йимæ фестуй, æ къох райсуни размæ йин æ дзедзе æ гъæлæси бакæнуй.

– Дæ къохæй ке рамардтай барæй дæр, æнæбарæй дæр, уой бæсти нин ду фæууо мах фурттæн сæ хестæр!

Байиуазæг кæнунцæ йеци æхсæвæ, æнæ зианæй сæумæ рандæуй æ хæдзарæмæ.

Æ хæдзарæмæ ку исхъæртуй, Дигори зæрæндти æримбурд кæнуй хестæргай, нимæдзæ син не ’скодта: сæдæ сæдæ сæдæ ’вдай, сæдæ сæ уæлдай.

Æстъонай мосмæ æримбурд унцæ. Авд сабати фæббадунцæ, авд фæнди сæрт ’й бахастонцæ. Сæ фæндæ ниллух уй тоги цитæ бакæнунбæл.

Балхæнунцæ дигорон хуарæй авд анзи хаст уорс гал æнæ сау æстъæлфæ, уорс дари йин æ хъури ниббæдтунцæ. Æ хæтдзæ рацæунцæ, тоги цити фингæ сæ хæтдзæ уогæй.

Нари хестæрмæ барветунцæ:

– Федауци хуасæ фæууо, адæми курд райсæ!

Дзуапп син равардта:

– Адæми курд ка нæ райса, адæмæй нæ уодзæнæй! Рахæстæг нæмæ уотæ нæ бунатмæ!

Бацæунцæ уорс гал тоги цитæ финги хæтдзæ, сæ разæй æй æрлæуун кæнуннæ. Хестæргай рæнгъитæй ниллæудтæнцæ. Сæ хуæздæр гъуддаг корун адтæй.

Йеци бон бафедудтонцæ. Æстæмæй-астмæ фæббадтæнцæ. Æвзестин йеци бон тоги цитæн ниууагътонцæ Нари хестæрæн. Рацудæнцæ сæ хæдзарæмæ.

Дигори муггагæн тоги федауцæ фæстагонтæн байзайуй йеци бонæй аци бонмæ.

*  *  *

Аци таурæхъ адæмон исфæлдистадæ æмбурдгæнгутæн радзурдта Чиколай цæрæг Тауасити Мæхæмæт 1928 анзи 3 январи. Мах ба ’й мухур кæнæн, номдзуд ахургонд Салæгати Зойи бацæттæгондæй 2007 анзи Дзæуæгигъæуи ци дууæтомон æмбурдгонд «Ирон адæмон сфæлдыстад» уагъд æрцудæй, уой  дуккаг томæй (631-633-аг фæрстæ). Мухур æй кæнæн, киунуги кутемæй мухургонд æрцудæй, уотемæй, æ ниффинсти уагæмæ ин – æвзаги нури фæткитæмæ гæсгæ – неци æййивддзийнæдтæ бахæсгæй.

 

Этот сайт использует cookie для хранения данных. Продолжая использовать сайт, вы даете согласие на работу с этими файлами.

Политика в отношении обработки персональных данных