05 ноября 2024

ӔДЗАРД БӔГЪАТӔРИ ХУӔРЗЕУӔГ ИСӔМБАЛДӔЙ Ӕ ФИДИУӔЗӔГБӔЛ

23.01.2021 | 10:39

Цуппаринсӕй анзей размӕ сӕрдигон райдзаст бони сӕумицъӕхӕй Советон Цӕдесмӕ гадзирахаттӕй ӕрбалӕбурдтонцӕ немуцаг-фашистон ӕрдонгтӕ. Ӕма еци-еу бонбӕл уоййасӕбӕл агъазиау бӕстӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр тугъдон фестадӕй. Уой цифуддӕр знагӕй багъӕуай кӕнунмӕ ӕмзӕрдӕй фӕффӕдеси ‘нцӕ советон адӕм. Мингӕйттӕ-мингӕйттӕй цудӕнцӕ тохи будуртӕмӕ.

Уони рӕнгъити адтӕнцӕ чиколайаг хъиамӕтгун лӕг Тускъати Басай фурттӕ дӕр: Тазӕрет (1909-1942) ӕма Мухарбег (1912-1944). Дууемӕй дӕр сӕ цард иснивонд кодтонцӕ Фидибӕсти сӕрбӕлтау. Уони туххӕй ма кӕддӕр финстан, фал абони ба сӕрмагондӕй имисӕн Мухарбеги. Уой дӕр уомӕ гӕсгӕ, ӕма е тугъдтитӕй еуеми уӕлдай сӕрӕндзийнадӕ ке равдиста, уой туххӕй хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй Сурх Стъалуй орденӕй. Фал ин ӕй ӕхецӕн раттуни равгӕ ба нӕбал фӕцӕй – Севастополи алфамбулай тугъдтити фӕммард ӕй… Рацудӕй уӕдӕй нурмӕ дӕсгай ӕнзтӕ, уӕддӕр ӕдзард багъатӕр тугъдони хуӕрзеуӕг исӕмбалдӕй ӕ фидиуӕзӕгбӕл…

Уой фӕдбӕл ӕрмӕг кӕсетӕ ӔМА Ӕ КАРНӔ ИССӔЙ ӔНОСОН КАДӔ…